Ирон актер уыдзæн австралиаг шоуы амонæг

© Sputnik / Екатерина Чеснокова /  Ахизын медиабанкмæИрон актер
Ирон актер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
20 милуан доллары аргъ шоуыл куыст цыд æхсæз азы дæргъы

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Зынгӕ ирон актер Беройты Егор уыдзæн австралиаг шоу "Прогулки с динозаврами"-йы амонæг, хъусын кӕны 15 регион.

Шоу сæвзæрд ВВС-йы телеканалы йæ æмном зонадон-популярон сериалы мотивтæм гæсгæ.

Ирон актер Цаллатты Вадимы хайадистӕй рацыд ног киноныв "Мафия"-йы трейлер

20 милуан доллары аргъ шоуыл куыст цыд æхсæз азы дæргъы. Ӕвдыст цæудзæн Мæскуыйы 29 майæ 2 июньмæ "ВТБ Арена"-йы фæзуаты. Архайды рæстæджы 18 аниматрон динозавры, кæрæдзиимæ архайгæйæ, сценæйыл змæлдзысты æмæ нывæфтыд кæндзысты сæ эволюци æмæ фесæфты истори.

Артист кæсджыты раз фæзындзæн палеонтолог Хакслийы фæлгонцы. Уымæй уæлдай ма дзы архайдзæн Сергей Гузеев. Проектмæ цæттæ кæнгæйæ дыууæ актеры бабæрæг кæндзысты Серби æмæ Итали æмæ сахуыр уыдзысты аниматрон динозавртимæ кусыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0