Цхинвалы лифтты арæзтадæн рахицæн кодтой 36 милуанæй фылдæр

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы лифтты арæзтадæн рахицæн кодтой 36 милуанæй фылдæр
Цхинвалы лифтты арæзтадæн  рахицæн кодтой 36 милуанæй фылдæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг бахæс кодта сцалцæг кæнын лифттæ столицæйы ацы аз

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æрдзырдта Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ саразыны фæдыл столицæйы мэрийы хыгъдон рабадтыл, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Хъайтарты уынгыл ног хӕдзӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Актуалон фарст: Цхинвалы мэр ног комплексы фатерты уӕрсты тыххӕй

"Лифтты арæзтадæн ныридæгæн рахицæн кодтам 36,5 милуан сомы. Хъæуы ма саразын 14 лифты. Æз радтон хæслæвæрд мэрæн, цæмæй сæ саразой ацы аз", - загъта Бибылты Анатолий.

Амæйразмæ, цæрæн-коммуналон хæдзарады хайады хистæр Лалыты Сослан банысан кодта, иумæйагæй , Цхинвалы кæй ис 29 бирæуæладзыгон хæдзары, кæцыты хъуыд сцалцæг кæнын æмæ саразын лифттæ – се 'рдæгæй фылдæр ныридæгæн арæзт æрцыдысты. Уый ма бафтыдта, сцалцæг кæнын ма кæй хъæуы 14 лифты.

Ног хабӕртты лентӕ
0