Хуссар Иры политикон партитӕн нал ис гӕнӕн аразын блоктӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Законы проекты аразджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон царды политикон партиты тых кӕй фӕфылдӕр, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нал у, цӕмӕй баиу уой ӕвзарӕн блокты

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент бахаста ивындзинӕдтӕ политикон партиты фӕдыл законмӕ. Партитӕн нал уыдзӕн гӕнӕн аразын ӕвзарӕн блоктӕ, цӕмӕй иумӕйаг номхыгъдӕй хайад райсой парламентон ӕвзӕрстыты.

Фарст ӕркастмӕ рахаста законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдар Тедеты Нона.

"Законмӕ гӕсгӕ политикон партитӕ хъуамӕ сӕрмагондӕй хайад исой ӕвзӕрстыты. Республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон царды политикон партиты тых кӕй фӕфылдӕр, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нал у, цӕмӕй баиу уой ӕвзарӕн блокты", - загъта Тедеты Нона.

Уый фӕдыл ӕвзарӕн блоктӕ нал сты ӕвзарӕн процессы хайадисджытӕ.

РХИ юстицийы министр Лалиты Зӕлинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры юстицийы министрад бахъаст кодта тӕрхондмӕ парти "Алантыл"

Январы парламентон парти "Ныхас", ӕнӕпарламентон парти "Ног Ирыстон" ӕмӕ "Аланты Цӕдис", кӕцыйы республикӕйы юстицийы министрад не срегистраци кодта, фехъусын кодтой, кӕй биау сты иу политикон тыхы.

Уый фӕстӕ "Аланты Цӕдис"-ы лидер Гаглойты Алан фехъусын кодта, кӕй рахызт ацы иугондӕй ӕмӕ хайад нӕ райсдзӕн парламентон ӕвзӕрстыты.

Политикон партиты фӕдыл законмӕ ивындзинӕдтӕ кӕй бахастой, уый тыххӕй нырма бӕрӕг нӕу партитӕ "Ныхас" ӕмӕ "Ног Ирыстон"-ы хайадист ӕвзӕрстыты, уый тыххӕй ӕмӕ нырма сты иу блокы. Депутат Бесаты Зита фехъусын кодта Sputnik, "Ног Ирыстон" кӕй хъуамӕ ауадза ӕмбырд партийы ликвидацийы тыххӕй ӕмӕ бахиза "Ныхас" партийы скондмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0