Уӕрӕсейы президент схорзӕхджын кодта Хъæбатыры стъалыйӕ дзӕуджыхъӕуккаг ӕфсӕддоны

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы президент схорзӕхджын кодта Хъæбатыры стъалыйӕ дзӕуджыхъӕуккаг ӕфсӕддоны
Уӕрӕсейы президент схорзӕхджын кодта Хъæбатыры стъалыйӕ дзӕуджыхъӕуккаг ӕфсӕддоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1987азы райдайӕны Афганистаны хистӕр лейтенант Владимир Ковтун къорды сконды байстой америкӕйаг хӕсгӕ зенитон-ракетон комплекс "Стингер"-ы хуызӕгтӕй иу

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин Хъæбатыры стъалыйӕ схорзӕхджын кодта Афганистаны сæрмагонд операцийы архайæг Цӕгат Ирӕй Владимир Ковтуны, хъуын кӕны ПТРК "Алания".

Цæгат Иры раздæры разамонæджы схорзӕхджын кодта Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Невскийы орден: Цæгат Иры раздæры разамонæджы схорзӕхджын кодта Путин

Афганистаны хистӕр лейтенант Владимир Ковтун къорды сконды байстой америкӕйаг хӕсгӕ зенитон-ракетон комплекс "Стингер"-ы хуызӕгтӕй иу.

"Æфсæддон операци уыди 1987-æм азы. Владимир Ковтуны фæрцы бантыст зенитон фæрæзтæ фæнырыккондæр кæнын, æмæ афтæмæй советон æфсæддон авиацийы хъахъхъæнынад фæфидардæр кæнын", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уæрæсейы хъæбатыр Владимир Ковтун райгуырд Дзæуджыхъæуы, каст фæци Орджоникидзейы æфсæнвæндаггон транспорты техникум. Æфсады фæстæ та каст фæци Рязаны уæлдæфон-десантон училищæ. Афганистаны хæсты фæцæф 7 хатты. Ис æм бирæ хæрзиуджытæ. Се хсæн - Сырх Стъалыйы дыууæ ордены.

Ног хабӕртты лентӕ
0