Sputnik пресс-центры ӕрдзырдтой Хуссар Иры туризмы перспективӕтыл

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik пресс-центры ӕрдзырдтой Хуссар Иры туризмы перспективӕтыл
Sputnik пресс-центры ӕрдзырдтой Хуссар Иры туризмы перспективӕтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ис бирӕ уникалон бынӕттӕ, кӕцытӕм цӕудзысты мингай туристтӕ ӕппӕт дунейӕ, фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы стыр финансон фӕрӕзтӕ

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хӕххон къахдзоныгъты спорты федерацийы сӕргълӕууӕг Тедеты Лери радзырдта Sputnik пресс-центры Цъоны хӕххон къахдзоныгъты трассӕйы перспективӕтыл, спортсменты цӕттӕкӕнынадыл ӕмӕ туристты ӕрхоныны тыххӕй республикӕмӕ.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг спортивон цау уыд хӕххон къахдзоныгъты трассӕйы баконд Цъоны.

Ис фӕстиуӕг

"Цъоны нӕй цӕттӕ трассӕ, фыццаджы дзы хъӕуы канатон фӕндаг. Уырны мӕ, тагъд рӕстӕджы кӕй сараздзыстӕм ацы бынаты хӕххон курорт", - загъта Тедеты Лери.

Зонкъар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Денджыз, хур ӕмӕ хъӕу: кӕм улӕфынц цхинвайлӕгтӕ ацы сӕрд

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртӕ азмӕ гӕнӕн ис зӕгъын фӕстиуджыты тыххӕй. Цӕвиттонӕн, Тедеты Лери бацӕттӕ кодта 380 адӕймаджы, кӕцытӕй бирӕтӕ фидӕны хайад райсдзысты Цъӕйы, кӕнӕ Эльбрусы ерысты.

Афтӕ ма Тедеты Лери банысан кодта, трассӕйы бакондӕй фӕстӕмӕ Цъоны кӕй уыдысты цалдӕр мин адӕймаджы. Фыццаджы хъӕуы сцалцӕг кӕнын трассӕ ӕмӕ саразын канатон фӕндаг.

© Sputnik / Наталья АйриянТедеты Лери
Sputnik пресс-центры ӕрдзырдтой Хуссар Иры туризмы перспективӕтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Лери

Ӕхца, рӕстӕг ӕмӕ президенты ныфсӕвӕрд

Цӕмӕй Цъоны курорт фӕзына, уый тыххӕй хъӕуы цалдӕр милуан сомы ӕмӕ дыууӕ азмӕ ӕввахс рӕстӕг.

Хӕххон къахдзоныгъты федерацийы хъӕппӕристимӕ зонгӕ сты республикӕйы хицауады дӕр. Тедеты Лерийы уырны, кӕй сын баххуыс кӕндзысты. Баххуыс кӕныны фӕдыл ныфс бавӕрдта республикӕйы президент дӕр.

Тедеты Лерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цъоны зымӕгон сезон адаргъ вӕййы фондз мӕйы онг, афтӕ нӕ вӕййы никӕцы курорты ӕппӕт дунейы.

Цъоны цыхт, куыд национ бренд

Зындгонд блогер, гид ӕмӕ экскурситӕуадзӕг Карсанты Гурамы уырны, Цъоны кӕй ис гӕнӕн саразын ӕрвылазон курорт, цы ран сӕрды гӕнӕн ис аразын алыгъуызон экскурситӕ. Афтӕ ма ацы бынӕтты ис бирӕ хоскӕнӕн кӕрдӕджытӕ ӕмӕ цад Эрцъо.

© Sputnik / Наталья АйриянКарсанты Гурам
Sputnik пресс-центры ӕрдзырдтой Хуссар Иры туризмы перспективӕтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карсанты Гурам

"Бахъӕудзӕн стыр финансон фӕрӕзтӕ – газы хӕтӕл цӕуы хӕстӕг, дон дзы бирӕ ис, цъойнаг цыхтӕй та гӕнӕн ис саразын национ бренд. Нырма йӕ нӕй гӕнӕн схонын хӕххон курорт, уый у улӕфыны бынат", - загъта Карсанты Гурам.

Ног хабӕртты лентӕ
0