Дзӕуджыхъӕу ӕмбӕлы европæйаг ерысты боксертыл

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæТурнир
Турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
8-æм марты спорты галуан "Манеж"-ы ринджы сæ тыхтæ бафæлвардзысты континенты хуыздæр боксертæ

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстон исы боксӕй европæйаг ерысты архайджыты. Дзӕуджыхъӕумӕ ӕртахтысты дыууӕ бӕстӕйы спортсментæ, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт: мæ сæрмагонд цард иууылдæр у бокс

"Ныридæгæн нæ республикæмæ ссыдысты Азербайджаны æмæ Великобританийы спортсментæ. "Æгасцуай" сын загътой Дзæуджыхъæуы аэропорты. Делагацийы ис 18 спортсмены æмæ тренеры Английæ, Уэльсæй æмæ Шотландийæ. Боксертæ та зæрдæ бавæрдтой, рæсугъд спортивон бæрæгбон нын кæй балæвар кæндзысты, уымæй", - дзырдӕуы хъусинаджы

8-æм марты спорты галуан "Манеж"-ы ринджы сæ тыхтæ бафæлвардзысты континенты хуыздæр боксертæ, 22 азы онг кæуыл цæуы, уыдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0