"Снежный барс": Цæгат Иры скодтой уардиты ног хуызтæ

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæУрс уарди
Урс уарди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сорттӕй иу – урс уарди райста ном "Снежный барс"

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Джызæлы хъæуы дидинджыты куыстуаты скодтой уардиты сæрмагонд селекцион хуызтæ, хъусын кӕны Ossetia News.

Ӕдæппæтæй комплексы ис авд хъæрмуаты — дыууæ егъау æмæ фондз чысыл хъæрмуаты. Рауагъдады разамынады фӕнды ис ноджы иу хъæрмуат саразыны фæзуат.

"Мах биноныгæй ахуыр кæнæм базар æмæ æппынæдзух архайæм ассортимент уæрæх кæныныл. Нæ хъæрмуæтты ис тюльпантæ, эустомæтæ, альстремеритæ æмæ æндæр дидинджытæ. Æдæппæтæй 20 хуызæй фылдæр. Уымæй уæлдай нæм ис уардиты селекцион хуызтæ: "гала-голд" æмæ ма иу сорт. Ном ын нæма æрхъуыды кодтой. Бирæ нæма сты", — хъусын кӕны агентад ООО "АгроСоюз "Стандарт"-ы генералон директоры хæдивæг Тыбылты Валерийы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Джызæлы хъæуы дидинджыты комплекс арæзт æрцыд 2010 азы. Куыстуаты продукци ссарæн ис æппæт республикæйы сæргай уæйы дуканиты. Кусы дзы архайы сæдæ адæймагæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0