Цхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстӕ

© Из архива тренера В.СозаеваЦхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстӕ
Цхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пухаты Михаил ӕмӕ Тыджыты Ирина сыгъзӕрин майдантӕй дарддӕр турниры хатдзӕгтӕм гӕсгӕ райстой спорты мастермӕ кандидаты нӕмттӕ

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатима. Хуссарирыстойнаг спортсментӕ Пухаты Михаил ӕмӕ Тыджыты Ирина рамбылдтой Цӕгат Кавказы федералон зылды чемпионат, дыууӕ уӕлахиздзау дӕр сӕххӕст кодтой спорты мастермӕ кандидаты нормативтӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созаты Владимир.

"Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кусӕг Пухаты Михаил рамбылдта фыццаг бынат ӕмӕ сӕххӕст кодта спорты мастермӕ кандидаты норматив, ХИПУйы студенткӕ Тыджыты Ирина сфӕлхат кодта уый ӕнтыст. Уыдон дыууӕтӕ дӕр стох кӕндзысты 12 апрелы Уӕрӕсейы чемпионаты", - банысан кодта тренер.

© Из архива тренера В.СозаеваПухаты Михаил тохы
Пухаты Михаил тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Пухаты Михаил тохы
© Из архива тренера В.СозаеваТыджыты Ирина
Тыджыты Ирина - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Тыджыты Ирина
1/2
Пухаты Михаил тохы
2/2
Тыджыты Ирина

Чысыл лӕмӕгъдӕр ерысты сархайдтой каратистты кӕстӕр фӕлтӕр, фыцццаг къӕпхӕнмӕ схызт ӕрмӕстдӕр Тадтаты Софья, аннӕтӕ хъӕцыдысты призон бынӕттыл.

"Фыццагады дыккаг бынӕттӕ райстой - Дудайты Донна, Кристина Белогурова ӕмӕ Тедеты Анна, ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ та схызтысты Дмитрий Глиценко ӕмӕ Владислав Тихий", - бафтыдта Созаты Владимир.

Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕ цыдысты Ставрополы крайы. Хуссар Ирыстоны кекусинкан каратейы секцийы спортсменты тохмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдысты ацы регионы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

© Из архива тренера В.СозаеваХуссар Ирыстоны кекусин-кан каратейы секцийы спортсменты тохмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдысты ирон ӕсӕнады минӕвӕрттӕ
Цхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны кекусин-кан каратейы секцийы спортсменты тохмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдысты ирон ӕсӕнады минӕвӕрттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0