Гасситы Петр: Бибылты Анатолийы рӕстӕджы финансон фӕрӕзтӕй пайда кӕнынц ӕмбӕлонӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanГасситы Петр
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг финансон ӕххуысӕй пайда кӕныныл ӕрдзырдтой Бибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путины фембӕлды рӕстӕджы, банысан кодта парламенты спикер

ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий куы ссис, уӕд финансон ӕххуысӕй пайда кӕнын райдыдтой ӕмбӕлонӕй ӕмӕ нал давынц, фехъусын кодта РХИ парламенты спикер Гасситы Петр, кӕцыйы ныхӕстӕ радӕтта закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фембӕлды тыххӕй парламенты спикер банысан кодта, зӕгъгӕ, хуссарирыстойнаг лидер радзырдта, Инвестпрограммӕ республикӕйы ӕххӕст кӕй цӕуы.

"Бибылты Анатолий ацыд фембӕлдмӕ хорз ног хабаримӕ. Президент радзырдта Владимир Путинӕн, Инвестпрограммӕ фыццаг хатт кӕй сӕххӕст кодтой 100 проценты. Бибылты Анатолий куы ссис республикӕйы президент, уӕд уӕрӕсейаг финансон ӕххуысы фӕрӕзтӕй райдыдтой пайда кӕнын ӕмбӕлонӕй", - банысан кодта парламенты сӕргълӕууӕг.

Гасситы Петр бахахх кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы президент зоны Хуссар Ирыстоны проблемӕты тыххӕй ӕмӕ ӕххууыс кӕны, цӕмӕй сӕ аскъуыддзаг кӕной.

Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолийы фембӕлд  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Владимир Путин: Уӕрӕсе алцыдӕр аразы Хуссар Иры райрӕзтӕн

Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолийы фембӕлд ацыд 6 марты Мӕскуыйы. Уӕрӕсейы президент фембӕлды рӕстӕджы бахахх кодта, Мӕскуы алцыдӕр кӕй аразы Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ социалон-экономикон райрӕзтӕн.

Бибылты Анатолий та загъта, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕуджыты фембӕлд ныфс дӕтты, дыууӕ бӕстӕйы стратегион ӕмбалад кӕй ис бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

Ацы фембылд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы лидертӕн уыд цыппӕрӕм. Фыццаг хатт Бибылты Анатолий ӕрдзырдта Владимир Путинимӕ дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстадыл 2017 аз 2 майы Сочийы. Уыцы аз ноябры Хуссар Ирыстоны президент ацыд Мӕскуымӕ официалон балцы, кӕцыйы фӕлгӕтты ауагъта баныхас йӕ уӕрӕсейаг коллегӕимӕ. Ӕртыккаг фембӕлд ацыд 2018 азы 24 августы, кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсейы рдыгӕй банымайыныл 10 азы сӕххӕсты цытӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0