Классик нывгӕнджыты цӕстӕнгасӕй: Культурӕйы министрад рауагъта къӕлиндар Къостайы азмӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваКультурӕйы министрад рауагъта къӕлиндар Къостайы азмӕ
Культурӕйы министрад рауагъта къӕлиндар Къостайы азмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рауагъды цъарыл фенӕн ис ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайӕн йӕхи автопортрет

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады дӕлбар коллегийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ мыхуыры рацыд Хетӕгкаты Къостайы хуызисттимӕ ӕмӕ нывтимӕ къӕлиндар. Рауагъд у Къостайы азмӕ бацӕттӕгонд хъӕзныг нывӕзты иу хай, фехъусын кодтой Sputnik министрады пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны 2019 аз расидтæуыд Хетæгкаты Къостайы азæй. Ирон классикы 160-азон юбилейы цытæн азы дӕргъы арӕзт ӕрцӕудзӕн бирӕ мадзæлттæ.

Чермен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы равдыстой Хетӕгкаты Къостайы царды тыххӕй киноныв

"Къӕлиндармӕ бацыдысты зындгонд нывгӕнджыты куыстытӕ, кӕцытӕ сныв кодтой Хетӕгкаты Къостайы хицӕн ӕзты. Рауагъды ис Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азанбег, Плиты Асланбег ӕмӕ Санахъоты Борисы куыстыты репродукцитӕ. Нырыккон нывгӕнджытӕй дзы фенӕн ис Бежанты Вадимы ӕмӕ Кӕсойты Лаврентийы конд нывтӕ. Кӕсойты Лаврентийы  ацы куыст ма сфӕлыста Паддзахадон театры фойе", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.

Уым ма банысан кодтой, алы сыфыл дӕр фенӕн ис нывгӕнджыты куыстытӕй дарддӕр Хетӕгкаты Къостайы хуызисттӕ.

Рауагъды цъарыл та ис ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайӕн йӕхи автопортрет.

Куыстытӕ ист сты Национ музей ӕмӕ газет "Республика"-йы архивӕй. Къӕлиндар мыхуыр ӕрцыд 500 экземплярӕй рауагъдад "Республика"-йы культурӕйы министрады заказмӕ гӕсгӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваКультурӕйы министрад рауагъта къӕлиндар Къостайы азмӕ
Классик нывгӕнджыты цӕстӕнгасӕй: Культурӕйы министрад рауагъта къӕлиндар Къостайы азмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Культурӕйы министрад рауагъта къӕлиндар Къостайы азмӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0