Хуссар Иры ӔХМ баххуыс кодта 300 ӕххуысхъуаг бинонтӕй фылдӕрӕн

© Sputnik / Наталья АйриянРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Февралы министрад сӕххӕст кодта материалон ӕххуыс ӕмбӕстӕгтӕн 1,7 милуан сомы бӕрц

ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад (ӔХМ) баххуыс кодта республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн "Ӕххуысхъуаг бинонтӕн социалон ӕххуыс" программӕйы фӕлгӕтты, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Уагдоны банысан кодтой, февралы материалон ӕххуыс кӕй бакодтой республикӕйы 312 ӕмбӕстагӕн 1,7 милуан сомы бӕрц.

Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры 2018 азы рынчынкӕнынады бӕрӕггӕнӕнтӕ фӕкъаддӕр сты

Ӕххуыс райстой I ӕмӕ II къорды инвалидтӕ (435 мин сом), 26 сабийы бонтӕй инвалидтӕ (260 мин сом), 33 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (375 мин сом), 9 амӕттаджы бинонтӕ (90 мин сом), 8 ӕххуысхъуаг бинонтӕ (80 мин сом), фондз сидзӕры (55 мин сом), 11 ӕмбӕстаджы райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (179 мин сом).

Афтӕ ма ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад рахицӕн кодта 40 мин сомы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты  дыууӕ бинонтӕн ӕмӕ 200 мин сомы та Фӕцӕфуӕвджыты фондӕн Хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0