Цхинвал бафӕдзӕхста Гуырдзыстоны арӕны провокациты фӕдыл бӕрны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны цӕттӕ кӕнынц провокацион акци Женеваг дискусситы раунды размӕ, банысан кодтой уагдоны

ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) фехъусын кодтой Гуырдзыстоны радон провокацион акцийы тыххӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Гуырдзыстонимӕ  арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Ӕдасдзинады совет аскуыддзаг кодта арӕн бакӕнын Гуырдзыстонимӕ

ФХМ информацимӕ гӕсгӕ, гуырдзиаг активисттӕ-провокатортӕ ӕрсидтысты бынӕттон цӕрджытӕм, цӕмӕй уыдон фехалой паддзахадон арӕн бӕстӕты ӕхсӕн ӕмӕ ауадзой Хуссар Ирыстоны территорийыл 15 марты пропагандистон акци.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, арӕнгӕрон провокаци нывонд у Женеваг ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон раундӕн ӕмӕ уый гӕнӕн ис ӕрхӕсса ӕвзӕр фӕстиуджытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕм гуырдзиаг хицауады рдыгӕй, цӕмӕй ма бауадзой арӕны ӕнӕзаконон фехӕлд.

Знон Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) фехъусын кодта, гуырдзиаг ӕхсӕнадон змӕлд "Сила в единстве" кӕй фӕнд кӕны ауадзын акци арӕныл. Комитеты банысан кодтой, акцийы хайадисджытӕ паддзахадон арӕн куы фехалой, уӕд кӕй ӕрцахсдзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0