Бибылты Анатолий: Хъахъхъӕнынады министрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ

© Пресс-служба президента РЮОРХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд
РХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Уӕлдӕр командӕгӕнӕг саргъ кодта уагдоны куыстӕн 2018 азы

ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райста республикӕйы хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырды, кӕцыйы рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой уагдоны куыстӕн 2018 азы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Докладтимӕ куысты фӕстиуджыты тыххӕй ралӕууыдысты хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим ӕмӕ йӕ хӕдивджытӕ.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд
Бибылты Анатолий: Хъахъхъӕнынады министрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд

Афмӕйразмӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ гӕсгӕ, 2017 азы уалдзӕджы Мӕскуыйы бафыстой бадзырд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицӕн хайадты бахизӕны фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмӕ.

"Фыццаг фарсты фӕдыл Хъахъхъӕнынады министрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмгъуыдмӕ. Ӕфсӕддон службӕмӕ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы скондмӕ арвыстой Республикӕ Хуссар Ирыстоны 300 ӕмбӕстаджы, уый фӕстӕ ноджы 100 адӕймаджы бафӕндыд бацӕуын службӕмӕ кӕнынмӕ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕмӕ. Республикӕйы Гарзджын тыхты Уӕлдӕр командӕгӕнӕджы фидар позицийы руаджы бавӕрдтам хӕстон хайад – сӕрмагонд нысаниуӕджы батальон, афтӕ ма ифтонгкӕныны алыгъуызон хайадтӕ", - банысан кодта министр.

Бибылты Анатолий байхъуыста уагдоны разамынады хыгъдлӕвӕрдмӕ ӕмӕ банысан кодта, Хъахъхъӕнынады министрад кӕй сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Афтӕ ма президент ӕрсидт ӕфсӕддонтӕм ӕмгуыстад кӕнын сӕйраг стратегион партнер - Уӕрӕсеимӕ.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд
Бибылты Анатолий: Хъахъхъӕнынады министрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд

"Хъӕуы уадзын сӕрмагонд хӕстон цӕттӕкӕнынад ӕфсӕддонтимӕ, афтӕ ма тактикон ахыртӕ хъахъхъӕнынадон уагдоны алкӕцы хайадӕн дӕр. Ахсджиаг бынат ис дисциплинӕйӕн дӕр. Сӕйраг хъусдард хъуамӕ здӕхт уа ацы аспекттӕм", - загъта президент.

Бибылты Анатолий ӕрдзырдта республикӕйы ӕфсӕддонты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныныл дӕр, бафтыдтой паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕйы.

© Пресс-служба президента РЮОРХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд
Бибылты Анатолий: Хъахъхъӕнынады министрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ хъахъхъӕнынады министрады хыгъдон ӕмбырд
Ног хабӕртты лентӕ
0