Ирон богалтӕ рамбылдтой фондз хорзӕхы французаг бокс Саватӕй

© Пресс-служба минспорта РСО-АланияИрон богалтӕ рамбылдтой фондз хорзӕхы французаг бокс Саватӕй
Ирон богалтӕ рамбылдтой фондз хорзӕхы французаг бокс Саватӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны командӕ, кӕцыйы сконды уыд ӕхсӕз адӕймаджы, рамбылдта дыууӕ сыгъзӕрин, дыууӕ ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйы майдан

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны командӕ рамбылдта фондз хорзӕхы Санкт-Петербурджы уагъд цӕуӕг Уӕрӕсейы чемпионаты французаг бокс Саватӕй, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Абайты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон боксер ахызт Европæйы ерысты æрдæгфиналмæ

Ирон спортсментӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин, дыууӕ ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйы майдан. Уӕлахиздзаутӕ ссисты Сохиты Георгий ӕмӕ Мӕхъиты Станислав. Дыккаг бынат бацахстой Дзоблаты Маирбег ӕмӕ Михаил Ширгалиев. Бронзӕйы майдан райста Зассеты Артур.

Командӕ бацӕттӕ кодтой тренертӕ Гугкаты Асланбег, Таймазты Игорь, Татраты Гурам ӕмӕ Габойты Хъазбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0