Йӕ цардӕй ахицӕн адӕмон къамисӕг Гӕбӕраты Нелли

© Sputnik / Наталья АйриянГӕбӕраты Нелли
Гӕбӕраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныр дыккаг бон социалон хызӕгтӕ байдзаг сты адӕмон къамисӕджы къамтӕй ӕмӕ тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕй, адӕм мысынц Гӕбӕраты Неллийы ирд цард, зындгонд къамисӕг ӕнӕнхъӕлӕджы фӕтары ис цардӕй хуыцаубоны

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуыцаубоны Цхинвалы йӕ цардӕй ахицӕн адӕмон къамисӕг, Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицейы ахуыргӕнӕг Гӕбӕраты Нелли.

Ныр дыккаг бон социалон хызӕгтӕ байдзаг сты Хуссар Ирыстоны иууыл зындгонддӕр фотографы къамтӕй ӕмӕ тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕй. Гӕбӕраты Неллийы зианыл хъынцъым кӕнынц зындгонд политиктӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ, сфӕлдыстадон интеллигенци, хуымӕтӕг адӕм. Ӕгас столицӕйы ахӕм адӕймаг нӕ баззад, кӕцы нӕ бахауд йӕ фотоаппараты объективы.

Гӕбӕраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг Нелли Блай - Гӕбӕраты

Дӕс азы дӕргъы Нелли социалон хызӕгты ныммыхуыр кодта мингай къамтӕ. Йӕ куыстытӕ уыдысты Хуссар Иры ӕппӕт конкурсты уӕлахиздзауты нымӕцы.

Йӕ чысыл нывисӕнимӕ Неллийы фенӕн уыдис горӕты куыд сӕумӕрайсом, афтӕ талынгты дӕр. Цхинвайлаг нывисӕджы цӕстӕнгасӕй сӕ райгуырӕн зӕххыл цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уыдон уыдтой Хуссар Иры бынӕттон цӕрджытӕ ӕмӕ ардыгӕй ацӕугӕ адӕм дӕр.

Цхинвалы цыт кодтой хæдахуыр къамисджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хорзæхтæ æмæ равдыст: Цхинвалы цыт кодтой хæдахуыр къамисджытæн

Дӕс азы размӕ уый нывисæджы дæсниадæй сарæзта хобби æмæ йӕхицӕн сӕвӕрдта нысан — Ирыстоны рӕсугъдӕй цы ис, уый ӕвдиса адӕмӕн.

"Къамтӕ исынмӕ мӕ сразӕнгард кодта Америкæ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбæстаг Джо Местасы нывты равдыст. Йӕ куыстыты ирдӕй зындысты хæсты уæззау фæстиуджытæ: пырх хæдзæрттæ, æдзæллаг уавæртæ æмæ тарст, хæствæллад адæм. Уӕд ӕз та сфӕнд кодтон Хуссар Ирыстоны æвæрццаг цæстæнгасæй равдисын — зæрдæхæлар адæм, рæсугъд фæсивæд æмæ алæмæттаг æрдз. Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдтон, цы уыдтон, уыдон къамтӕ исын", — радзырдта Sputnik адӕмон нывисӕг 2016 азы.

Фотоконкурс Хуссар Ирыстон—2018 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фæбæрæг сты хуыздæр хæдахуыр къамисджытæ

Нелли куыста Цхинвалы аивӕдты лицейы ахуыргæнæгæй, уыд йын бинонтӕ, хъӕбулы хъӕбултӕ, фӕлӕ йӕ уарзон хъуыддагӕн дӕр ардта рӕстӕг. Ацы хобби йӕ царды куы ӕрфысым ис, уӕдӕй рацыд дӕс азы.

Неллийы куыстыты фенӕн ис куыд республикон нысаниуӕгджын цаутӕ ӕмӕ паддзахадон бӕрӕгбӕттӕ, афтӕ чындзӕхсӕвтӕ, æрвылбонон цард, цæрджыты цӕсгӕмттӕ ӕмӕ ӕрдзы нывтӕ.

Гӕбӕраты Нелли йӕ цардӕй ахицӕн 62 азы кары хуыцаубоны, 17 марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0