Хуссар Иры президент Хъырымы баиудзинады тыххӕй Уӕрӕсеимӕ: историкон цау

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæХъырым
Хъырым  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъырым Уӕрӕсеимӕ кӕй баиу, уый бакодта стыр фадаттӕ ӕмгуыстадӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ацы регионы ӕхсӕн, банысан кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Хъырымы цӕрджытӕ 2014 азы схъӕлӕс кодтой, цӕмӕй баиу уой сӕ Фыдыбӕстӕимӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы телы Республикӕ Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксеновмӕ Хъырымы баиу кӕныны бон Уӕрӕсеимӕ ӕмӕ "Хъырымаг уалдзӕджы" афӕдзы боны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Ацы историкон цау у тынг ахсджиаг. Фондз азмӕ Хъырымы ӕрцыд бирӕ позитивон ивындзинӕдтӕ, среализаци кодтой инфраструктурон проекттӕ. Регион райтынг ис", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хъырым Уӕрӕсеимӕ кӕй баиу, уый бакодта стыр фадаттӕ ӕмгуыстадӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ацы регионы ӕхсӕн.

"Уырны мӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хъырымы ӕхсӕн ӕмгуыстад кӕй сфидар уыдзӕн ӕмӕ дарддӕр райтынг уыдзӕн нӕ республикӕты хӕрзӕбонӕн", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Хъырым ссис Уӕрӕсейы регион 2014 азы марты референдумы фӕстӕ, кӕцыйы рӕстӕджы республикӕ Хъырым ӕмӕ Севастополы цӕрджытӕ схъӕлӕс кодтой Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыныл. Хъырымы хицауад ауагъта референдум паддзахадон фӕфӕлдӕхты фӕстӕ Украинайы 2014 азы февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0