Ӕвирхъау цау: Хуссар Иры парламенты спикер Ереды трагедийы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЕреды трагеди
Ереды трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1991 азы 18 марты Хуссар Ирыстоны Ереды хъӕуы цур ӕрцыд республикӕйы ног историйы иууыл трагикондӕр цаутӕй иу

ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Ереды трагеди у адӕмы историйы иууыл ӕвирхъаудӕр цаутӕй иу, банысан кодта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр.

Къуырисӕры республикӕйы нысан кӕнынц Ереды трагедийы 28-ӕм афӕдзы бон, гуырдзиаг агрессортӕ куы бацахстой уӕзласӕн хӕдтулгӕ "Урал" сабыр цӕрджытимӕ, кӕцыты бирӕ фыдмиты фӕстӕ удӕгасӕй баныгӕдтой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл.

"18 марты – фыдохы боны – мах ссардтам ӕрмӕст Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕрымысыдыстӕм ӕндӕр адӕмы дӕр, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты, кӕнӕ та фӕмард сты гуырдзиӕгты къухӕй. Гуырдзиаг фашисттӕ фӕнд кодтой скуынӕг кӕнын ирон адӕмы, афтӕ ма нӕ культурӕйы памятниктӕ, музейтӕ, театр, цӕмӕй историйы мауал баззайӕм", - хъусын кӕны Гасситы Петры ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Спикер бафтыдта, Хуссар Ирыстоны алыхатт дӕр кӕй хъуыды кӕндзысты гуырдзиаг агрессорты фыдмитӕ.

"Ӕппӕт дунейы адӕм хъуамӕ зоной Ереды трагедийы тыххӕй, цӕмӕй ма бауадзой ахӕм фыдракӕндтӕ фидӕны", - банысан кодта Гасситы Петр.

Ног хабӕртты лентӕ
0