ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад радта Гуырдзыстонӕн авд адӕймаджы стӕгдартӕ, кӕцыты нымадтой ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл 2008 азы августы хӕсты фӕстӕ, фехъусын кодтой РХИ президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты.
Амӕттӕгты стӕгдартӕ ӕртыццӕджы радтой Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты минӕвӕрттӕн, кӕцытӕн ис сӕхи мисси Хуссар Ирыстоны. Абон та Сырх Дзуары минӕвӕрттӕ аластой стӕгдартӕ Гуырдзыстонмӕ.
"Ацы гуманитарон акци ссис ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы ссарыны фӕдыл ӕртӕварсон координацион механизмы архайды фӕстиуӕг, механизм кусы Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты къухдариуӕгады бын 2010 азӕй фӕстӕмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты банысан кодтой, Хуссар Ирыстоны, кӕцыйы цӕрджытӕй 150 нырма дӕр сты ӕбӕрӕгӕй сӕфт, ныфс ис, Гуырдзыстоны хицауад кӕй сараздзӕн алцыдӕр, цӕмӕй базоной Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты хъысмӕт.