Медойты Дмитрий: Хуссар Иры Сергей Лавровӕн кӕнынц стыр кад

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæМедойты Дмитрий ӕмӕ Серей Лавров
Медойты Дмитрий ӕмӕ Серей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕддагполитикон уагдоны хистӕр арвыста афӕйы тел йӕ уӕрӕсейаг коллегӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 21 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адӕм уӕлдай кад кӕнынц УФ ФХМ разамонӕг Серей Лавровӕн, хъусын кӕны РХИ ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Уый тыххӕй МХМ хистӕр фехъусын кодта йӕ уӕрӕсейаг коллегмӕ йӕ арфӕйы телы.

"Цытджын Сергей Викторы фырт, бирӕ ӕзты дӕргъы нӕ паддзахады интересты фарслӕууыны тыххӕй Хуссар Ирыстоны адӕм Дӕуӕн стыр кад кӕнынц", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Медойты Дмитрий ма равдыста ныфс, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕддагполитикон уагдӕтты хсӕн ӕмгуыстад "дарддӕр дӕр ахъаз уыдзӕн хӕларадон ахастыты райрӕзт ӕмӕ фидар кӕнынӕн дыууӕ бӕстӕйы адӕмты хӕрзӕбонӕн".

 

Ног хабӕртты лентӕ
0