Козаты Игорь загъта йӕ хъуыды Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ныхмӕ санкциты тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОКозаты Игорь
Козаты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Киевы санкцион номхыгъды сты Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ республикӕйы парламенты депутаттӕ

ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Козаты Игорь загъта йӕ хъуыды санкциты тыххӕй, кӕцытӕ бакодта республикӕйы ӕмбӕстӕгты ныхмӕ Украинайы хицауад.

Украинайы тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Украинайы национ ӕдасдзинады совет бакодта санкцитӕ Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ныхмӕ

Санкцион номхыгъды сты президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Козаты Игорь, вице-спикер Тедеты Руслан, депутаттӕ Тедеты Бахва ӕмӕ Цоциты Игорь, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны президенты уынаффӕгӕнӕг Гӕззаты Давид.

Козаты Игоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы мадзӕлттӕн нысан нӕй, йӕхӕдӕг та Украинамӕ цӕуын никуы дӕр фӕнд кодта.

"Кӕд ӕмӕ мын санкцитӕ исты зиан ӕрхастаиккой, уӕддӕр мӕнӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн ахсджиагдӕр у Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтӕн ӕххуыс. Никӕцы санкцитӕ нӕ бахъыгдардзысты нӕ ахастыты райрӕзт", - фехъусын кодта президенты администрацийы сӕргълӕууӕг.

Афтӕ ма Козаты Игорь банысан кодта, Украина раздӕр кӕй бакодта сӕрмагонд санкцитӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ныхмӕ, се хсӕн президент Бибылты Анатолий дӕр.

Афтӕ ма Украинайы санкцион номхыгъдмӕ бахаудтой Абхаз, Австри, Бельги, Бразили, Греци, Испани, Итали, Нидерландтӕ, Германи, АИШ ӕмӕ Венгрийы ӕмбӕстӕгтӕ.

ЛАР ӕмӕ ДАР президент ӕмӕ депутатты ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 2018 азы 11 ноябры. Украина, Евроцӕдис ӕмӕ АИШ фехъусын кодтой, кӕй нӕ банымадтой ӕвзӕрстытӕ.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0