Пушкины бал: Цхинвалы банысан кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бон

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы скъолайы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кодтой мадзал, кӕцы уыд нывонд Александр Пушкинӕн

ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik. Цхинвалы ӕхсӕзӕм скъолайы сорганизаци кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бонӕн нывонд "Пушкины бал", кӕцы нысан кӕнынц 21 марты. Мадзал бацӕттӕ кодтой скъолайы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ йӕ снывонд кодтой Александр Пушкинӕн, уый тыххӕй ӕмӕ ацы аз нысан кӕнынц номдзыд уӕрӕсейаг поэты райгуырдыл 220 азы сӕххӕст, хъусын кӕны Россотрудничествойы минӕварады пресс-службӕ.

© Российский центр науки и культуры в г.ЦхинвалЦхинвалы банысан кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бон
Пушкины бал: Цхинвалы банысан кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бон

"Цхинвалы "Пушкины бал" ауадзыны инициатор у Хуссар Ирыстоны уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты ассоциацийы президент Тедеты Зӕлинӕ. Мадзал ацыд Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры ӕмархайдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

© Российский центр науки и культуры в г.ЦхинвалЦхинвалы банысан кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бон
Пушкины бал: Цхинвалы банысан кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Поэзийы ӕппӕтдунейон бон

Пушкины балы хайад райстой Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр, республикӕйы ахуырады министр Гасситы Натали, Уӕрӕсейы Федерацийы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры разамонӕг Сергей Скворцов ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0