Ирон ӕрмхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат

© Из архива Сослана ГассиеваИрон ӕрмхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат
Ирон ӕрмхӕцӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Сослан 100 кг уӕзы рамбылдта йӕ ныхмӕлӕуджыты дыууӕ къухӕй дӕр

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл ӕнтыстджындӕр армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта ӕртӕ майданы Уӕрӕсейы чемпионаты. Ӕрмхӕцӕг ссис фыццаг рахиз ӕмӕ галиу къухтӕй ӕмӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Джиоты Валерий.

Гасситы Сослан Хуссар Иры армспорты иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ спортсмен, ӕхсӕз азы дӕргъы ӕрыгӕтты ʻхсӕн уый у Европӕ, дуне ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕдзухон лидер 90 кг уӕзы. Лӕппу рахызт ныр хистӕр кармӕ ӕмӕ 100 кг уӕзмӕ.

"Сослан у уӕлахиздзау дыууӕ къухӕй дӕр. Диссаджы ралӕуд ын уыд – ӕртӕ майдан райста нӕ спортсмен. Рахиз ӕмӕ галиу къухтӕй ӕмӕ иу та хатдзӕгон", - загъта тренер.

Ерыстӕ цыдысты 19-20 марты Екатеринбургы. Хуссар Ирӕй дзы тох кодта ӕрмӕстдӕр Гасситы Сослан.

"Балхынцъ кодтон мӕ карьера ӕрыгӕтты ʻхсӕн, нырмӕ цы рамбылдтон уыдон иууылдӕр хахх кӕнын. Уӕрӕсейы чемпионаты уӕлахизӕй райдыдтон мӕ спортивон карьерӕйы ног нымад", - загъта Sputnik Сослан.

Ног хабӕртты лентӕ
0