Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта кубок "Сварога"

© Sputnik / Наталья АйриянУæззау атлетикæ
Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Икъаты Сæрмæт систа 302,5 кг æмæ равдыста ерысты хуыздæр бæрæггæнæн

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг Икъаты Сæрмæт рамбылдта скӕсӕн Европæйы чемпионат - кубок "Сварога". Уӕзисӕг ерысты йӕ ныхмӕлӕуджытӕй разынд фидардӕр ӕмӕ фӕхуыздӕр кодта йӕхи бӕрӕггӕнӕнтӕ, фехъусын кодта Sputnik штангисты тренер Плиты Артур.

Ерыстӕ цыдысты 23 марты, спортсмен систа 302,5 кг.

"Ерыстӕ уыдысты ӕвзарӕн ӕндӕр ерыстӕм. Нӕ спортсмен систа 302,5 кг. Уый канд ерысты хуыздӕр бӕрӕггӕнӕн нӕ равдыста, фӕлӕ ма фæхуыздæр кодта йӕхи ӕвдисӕнтӕ дӕр", — загъта Плиты Артур.

Икъаты Сӕрмӕт у Европӕйы чемпионаты ӕртӕ хатты уӕлахиздзау, дунейы дыууӕ хатты чемпион.

Спортсмен 18 азæй фæстӕмæ рамбылдта 40-æй фылдæр фыццаг бынаты хицæн æмвæзады ерысты. Цхинвалы спортсмены цæттæ кæнынц уæззау атлетикæйы скъолайы тренертæ Плиты Артур æмæ Габаты Ацæмæз. Скъолайæн разамынад дæтты Советон Гуырдзыстоны бирæ хатты чемпион, æхсæнадæмон классы спорты мастер уæззау атлетикæйæ Тасойты Олег.

Ног хабӕртты лентӕ
0