Цхинвалы ӕрдзырдтой ног терминтӕ бахӕссыныл ирон ӕвзагмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар банысан кодта националон ӕвзаджы райрӕзты фӕдыл терминологон къамисы куысты ахсджиагдзинад

ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Националон ӕвзагмӕ ног терминтӕ бахӕссыныл ӕрдзырдтой ирон ӕвзаджы фӕдыл терминологон къамисы рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

"Рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой ирон ӕвзаджы алыгъуызон здӕхтты фӕдыл кусӕгон къордтӕ саразыны фарстыл: журналистикӕ, лингвистикӕ, литературӕ, этнологи ӕмӕ ӕндӕртӕ. Иумӕйагӕй сарӕзтӕуыд 20 къорды, кӕцыты скондмӕ бацыдысты алыгъуызон фадгуыты специалисттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Терминологон къамисы сӕргълӕууӕг, хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, ног терминты фӕдыл куыст ахсджиаг у ирон ӕвзаджы райрӕзтӕн.

Вахтана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Терминологон къамисы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцæудзысты терминты дзырдуæттæ

Афтӕ ма хицауады сӕрдар бахахх кодта, куысты профилон здӕхты сын кӕй баххуыс кӕндзӕн ХИПУ профессор Кокойты Теймуразы куысты фӕлтӕрддзинад, кӕцы сарӕзта биологон ӕмӕ медицинон терминты дзырдуат, афтӕ ма филологты фӕлтӕрддзинад дӕр.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ РЦИ-Аланийы терминологон къамистӕ кусынц ирон ӕвзаджы лингвистикон терминологон системӕ фӕхуыздӕр кӕныныл. Республикӕты ӕхсӕн ӕмархайд уагъд цӕуы "2018-2020 ӕзты Ирон адӕмы националон-культурон райрӕзты" программӕйы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0