Ӕрыздӕхт: спектакль "Ромео и Джульетта" ногӕй равдисдзысты Цхинвалы

© Sputnik / Анна КабисоваСпектакль "Ромео и Джульетта" ногӕй равдисдзысты Цхинвалы
Спектакль Ромео и Джульетта ногӕй равдисдзысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кӕсджытӕ ногӕй фендзысты спектакль Паддзахадон драмон театры сценӕйыл апрелы райдайӕны

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны драмон театры сценӕйыл ногӕй равдисдзысты режиссер Уалыты Гивийы спектакль "Ромео и Джульетта", загътой Sputnik театры пресс-службӕйы.

Уалыты Гиви фыццаг хатт ӕрласта Хуссар Ирыстонмӕ ӕвзонг труппӕ 2019 азы 7 марты. Режиссер радзырдта, кӕй ӕрӕмбырд кодта ӕвзонг актерты Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты театралон факультетыл, цы ран йӕхӕдӕг у ахуыргӕнӕг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, артисттӕ сты Шекспиры пьесӕйы куыд фыст сты хъайтартӕ, уыцы кары.

"Кӕсджытӕ тынг зӕрдиагӕй цыдысты спектакль"Ромео и Джульетта"-мӕ. Уый фӕдыл мах ногӕй фӕхуыдтам ӕвзонг актерты Цхинвалмӕ", - загътой пресс-службӕйы.

Цхинвалы равдисдзысты спектакль Ромео и Джульетта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы равдисдзысты спектакль "Ромео и Джульетта"

Режиссер зӕрдиагӕй сразы ис ногӕй ӕрцӕуын йӕ труппаимӕ хуссарирыстойнаг театрмӕ. Спектакль ногӕй равдисдзысты Паддзахадон драмон театры сценӕйыл 4 апрелы.

Зынгӕ англисаг драматург Уильям Шекспиры уацмыс сӕвӕрдтой Тӕбӕхсауты Балойы номыл Ирон театры сӕйраг режиссер Уалыты Гиви ӕмӕ Мариинаг театры Цӕгат Ирыстоны уӕвӕг филиалы сӕйраг балетмейстер Суанты Валерий ӕвзонг актертимӕ. Спектакль Дзӕуджыхъӕуы бавдыстой азы райдайӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0