Цъоны дӕлвӕзы ӕрбакодтой ифтонгады прокат

Цъоны дӕлвӕзы ӕрбакодтой ифтонгады прокат
Цъоны дӕлвӕзы ӕрбакодтой ифтонгады прокат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улӕфт боны ӕфстау къахдзоныгътыл улӕфджытӕн сӕ бон уыдзӕн хӕххон митыл сӕ амонд сфӕлварын

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Цъоны хъӕуы хӕххон бырӕн трассӕйыл Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет срӕвдз кодта къахдзоныгъты прокат. Улӕфт бонты ам улӕфджытӕн уыдзӕн 18 къай къахдзоныгътӕ, фехъусын кодта Sputnik комитеты разамонӕг Зассеты Сергей.

Хуссар Иры бакодтой ног экстремалон бырӕн трассӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бакодтой ног экстремалон бырӕн трассӕ

Цъоны дӕлвӕз цадӕггай арӕзт цӕуы, фӕлӕ зымӕгон курорты домӕнтӕн нырма дзуапп нӕ дӕтты.

"Паддзахадон финансон ӕххуысӕй балхӕдтам 18 фӕлыст къахдзоныгътӕ ӕд ботинкæтæ. Ныридӕгӕн ифтонгад сты бынаты ӕмӕ улӕфт бонты æфстау къахдзоныгътыл Цъоны дӕлвӕз уыдзӕн сфӕлварыны фадат хӕххон улӕфт чи уарзы, уыдонӕн", - загъта Зассеты Сергей.

Цъоны дӕлвӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс

Комитеты сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, къахдзоныгъты прокаты фӕзынд у фыццаг этап, уый фӕстӕ ма спонсорон ӕххуысы фӕрцы фӕзындзӕн ноджы уӕрӕхдӕр фадӕттӕ.

Дзауы районы Цъоны хъӕуы къуылдымыл хӕххон къахдзоныгъты спорты федераци ӕрбакодта бырӕн трассӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы арӕх уазджытӕ свӕййынц улӕфджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0