Хуссар Иры ЦӔК-ы скондмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевЦӔК
ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатты фылдӕр хорзыл банымадтой къамисы уӕнгты кандидатурӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент цыппӕрӕмы снысан кодта дыууӕ минӕвары республикӕйы Централон ӕвзарӕн къамисмӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Фатимӕ.
Джиоты Фатимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Джиоты Фатимӕ.
© Sputnik / Наталья АйриянГоджысаты Гултамзе

Годжысаты Гултамзе - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Годжысаты Гултамзе

1/2
Джиоты Фатимӕ.
2/2
Годжысаты Гултамзе

Уыдон ссисты парламенты консультант Годжысаты Гултамзе ӕмӕ хицауады аппараты кусӕг Джиоты Фатимӕ.

Раздӕр закондӕттӕг органы минӕвар ЦӔК-ы уыд Лалиты Зӕлинӕ, кӕцы ныр у юстицийы министр. Ноджы ма иу минӕвар парламентӕй уыд Туаты Артур, кӕцы Гасситы Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕхӕдӕг рахызт ЦӔК-ы скондӕй.

Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент снысан кодта парламентмӕ ӕвзӕрстыты датӕ

Афтӕ ма Гасситы Петр фехъусын кодта, майрӕмбоны кӕй ацӕудзӕн ноджы иу рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы депутаттӕ хъуамӕ сбӕрӕг кӕной ӕвзарӕн зылдты арӕнтӕ ӕмӕ схемӕтӕ.

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0