"Адæмы хорзæх": Стыр Ныхас сфидар кодта орден

Рафыссын
Хæрзиуæг раттыны куырдиат æрбадæттыны бар ис Иры Стыр Ныхасы районты хайæдтæм, стæй Иры Мыггæгты минæвæртты Ныхасмæ

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Ӕппæтирон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы сфидар кодта орден "Адæмы хорзæх". Хæрзиуæг лӕвӕрд цӕудзӕн Ирыстоны адӕмы раз стыр лӕггӕдты тыххӕй, хъусын кӕны газет "Слово"-йы сайт.

Орден "Адæмы Хорзæх" у æппæтбæрзонддæр æхсæнадон хæрзиуæг, кæцы лæвæрд цæудзæн Ирыстоны адæмæн уæлвæткон лæггад чи бакодта, ахъаззаг кад æмæ намыс ын чи æрхаста, æрмæстдæр ахæмтæн.

Хæрзиуæг раттыны куырдиат æрбадæттыны бар ис Иры Стыр Ныхасы районты хайæдтæм, стæй Иры Мыггæгты минæвæртты Ныхасмæ.

Хæрзиуæг раттыны фарста хаст цæуы адæмы размæ хъæлæс кæнынмæ. Уыдзæн фадат схъæлæс кæнын интернеты дæр. Æрфарсты бæрæггæнæнтæ бахынцыны фæстæ, сæ бындурыл Иры Стыр Ныхасы Координацион Совет хæсдзæн, кæмæн раттын хъæуы хæрзиуæг, уый фæдыл кæронбæттæны уынаффæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0