00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
08:30
3 Мин
Главвные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Дзӕуджыхъӕу, Луганск ӕмӕ Майкоп: Хуссар Иры театр сфидар кодта фӕсарӕйнаг нывӕзт

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры театр сфидар кодта фӕсарӕйнаг нывӕзт
Хуссар Иры театр сфидар кодта фӕсарӕйнаг нывӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сфӕлдыстадон къорд апрелы фестивальты ӕмӕ гастрольты равдисдзӕн ӕртӕ спектакль ӕмӕ аргъау

ЦХИНВАЛ, 1 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр ацӕудзӕн гастрольты Дзӕуджыхъӕумӕ. Ирыстоны цӕгаты хуссарирыстойнаг труппӕ равдисдзӕн аргъау ӕмӕ спектакль, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ-йы пресс-службӕйы.

"Цӕгат Иры Ирон театримӕ бадзырды фӕлгӕтты 11 апрелы нӕ труппӕ фӕуазӕг уыдзӕн иубонон гастрольтимӕ Дзӕуджыхъӕумӕ. Бонӕй кӕстӕр фӕлтӕрӕн равдисдзыстӕм "Тӕрхъусы амонд", изӕры та спектакль "Нӕлгоймаг, сылгоймаг, рудзынг, мард" - загътой пресс-службӕйы.

Спектакль, РХИ драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театр бакодта сезон спектакль "Хъæд"-æй

Ӕрбалӕугӕ мӕйы Хуссар Иры театры нывӕзты Цӕгат Иры гастрольтӕй дарддӕр ис дыууӕ фестивалы хайадист дӕр.

"22-28-мӕ Майкопы цӕудзӕн Адыгъейаг-абхазаг театрты ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Кавказский меловой круг", уырдӕм нӕ театр ацӕудзӕн уӕрӕх скондӕй - артисттӕй дарддӕр ма афӕндараст уыдзысты драматургтӕ ӕмӕ литературон хайады кусджытӕ, равдисдзыстӕм Дзудцаты Тамерланы ӕвӕрд трагеди "Антигона", - загътой уагдоны.

День театра в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театры бон Хуссар Иры банысан кодтой "Антигона"-йы премьерӕйӕ

Ӕмрӕстӕджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры ӕндӕр сконд уагдоны директоры сӕргълӕудӕй ацӕудзӕн ЛАР-ы республикӕмӕ.

"Луганскы Адӕмон республикӕйы театралон фестиваль "Госпожа удача"-йы хуссарирыстойнаг къорд равдисдзӕн Александр Островскийы пьесӕ "Хъӕд"-мӕ гӕсгӕ мӕскуыйаг режиссер Андрей Цисарукы куыст", - бафтыдтой уагдоны пресс-службӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0