Аланийы Кубок: организатортӕ фехъусын кодтой боксы турниры сӕйраг тохтӕ

Рафыссын
Цымыдисондӕр фембӕлдтӕй иу уыдзӕн цхинвайлаг боксертӕ Битеты Ричард ӕмӕ Чилӕхсаты Таиры ʻхсӕн тох

ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Кубок Государства Алания"-йы уӕлдай цымыдисон тох бацайдагъ уыдзӕн дыууӕ цхинвайлаг боксерты ʻхсӕн – рингыл фембӕлдзысты Битеты Ричард ӕмӕ Чилӕхсаты Таир, ныффыста йӕ фарсыл Facebook-ы Хуссар Иры боксы федерацийы разамонӕг Уалыты Альберт.

Хуссар Ирыстон апрелы ӕрфысым кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Кубок Государства Алания". Ӕхсӕнадӕмон масштабы спортивон мадзал ацӕудзӕн спорты галуан "Олимп"-ы 10 апрелы.

"Уӕлдай цымыдисон уыдзӕн "сыгъдӕг" цхинвайлаг тох стыр уӕзы тыхджындӕр боксертӕ Битеты Ричард ӕмӕ Чилӕхсаты Таиры ʻхсӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы спортивон мадзалы фидыц суыдзӕн фӕсивӕды ʻхсӕн WBC версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпион Тедеты Сосланы тох дӕр", - ныффыста Уалыты Альберт.

Тедеты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аланийы Кубок: Цхинвал ӕрфысым кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй

Организатортӕ ныфс дӕттынц цымыдисон изӕр саразын Аланийы Кубокыл тохтӕй. Амӕй размӕ боксерон клуб "Ариана"-йы минӕвар фехъусын кодта турниры архайӕг ирон боксерты номхыгъд. Се ʻхсӕн уыдзысты уӕлдӕр ранымайгӕ боксертӕй дарддӕр Хуыгаты Алан, Моурауты Хетӕг, Тыбылты Александр, Байты Сослан, Тадтаты Сӕрмӕт ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Кубок Государства Алания" аразы боксерон клуб "Ариана", РХИ ӕмӕ УФ боксы федерацитӕ.

Турниры уазӕг уыдзӕн номдзыд ирон боксер Гасситы Мурӕт ӕмӕ ӕндӕр зындгонд боксертӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0