00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Утро на Спутнике
08:00
3 Мин
Утро на Спутнике
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
4 Мин
Главные темы
17:30
4 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хуынд зарынмӕ: Цхинвалы ацӕудзӕн хорты фестиваль

© Sputnik / Чехойты ИнгаЦхинвалы ацӕудзӕн хорты фестиваль
Цхинвалы ацӕудзӕн хорты фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсы домӕнмӕ гӕсгӕ алкӕцы коллектив дӕр хъуамӕ сӕххӕст кӕна фӕйнӕ зарӕг ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл

ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ахуырады министрад хоны скъолаты хортӕ ӕппӕтреспубликон фестиваль "Песни, рожденные сердцем"-ы хайадистмӕ. Ӕрвылазон мадзал ацӕудзӕн 17-18 апрелы, ныридӕгӕн уагдон исы куырдиӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik министрады уæлæмхас ахуырад æмæ хъомылады хайады хистæр Джиоты Эльза.

II рок-фестиваль Ирон-рок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Легендӕты изӕр: Цхинвалы ацыд II рок-фестиваль "Ирон-рок"

Конкурсы домӕнмӕ гӕсгӕ алкӕцы коллектив дӕр хъуамӕ сӕххӕст кӕна фӕйнӕ зарӕг паддзахадон ӕвзӕгтыл – ирон ӕмӕ уырыссагыл.

"Фестивалы сархайыны бар ис ӕппӕт скъолаты хортӕн. Ныридӕгӕн ист цӕуынц куырдиӕттӕ. 17 апрелы уыдзӕн конкурсон ӕвзӕрст, иу боны фӕстӕ та гала-концерт ӕмӕ уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты хорзӕхкӕнын ӕмӕ цыт кӕныны церемони", - загъта Джиоты Эльза.

Фестиваль "Песни, рожденные сердцем" цӕуы ныр цалдӕр азы дӕргъы.

"Авд азы бӕрц уадзӕм фестиваль, уӕдӕй нырмӕ сцайдагъ ацы хаххыл куыст – цадӕггай стыр скъолаты фӕзынд хорты коллективтӕ. Уый уыд нӕ сӕйраг нысан. Стӕй ма, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рабӕрӕг кӕнӕм хуыздӕр хъӕлӕстӕ, разӕнгард кӕнӕм зарынмӕ кӕстӕр фӕлтӕрты", - бафтыдта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд азты ацы конкурсты расгуыхтысты фыццӕгӕм скъола, гимнази "Альбион", 12-ӕм скъола, скъола-интернат ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0