Студсоветы сӕрдар ӕгъдӕуттӕ, ахуыр, интернеты ӕндӕвдад ӕмӕ ӕрдзмӕ аудгӕ ахасты тыххӕй

© Из архива Альберта Габатты Альберт Габатты
 Альберт Габатты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Габатты Альберт у йæ дадзинты ирон туг кæмæн зилы, фыдæлты æгъдæуттыл фидар чи хæцы æмæ сæ цæсты гагуыйау чи хъахъхъæны, мадæлон æвзаджы цæрайæ чи цæры, ахæм æцæг ирон нæртон гуырд. Хорз арæхсы фæсивæды æрбамбырд æмæ сæ хорз хъуыддæгтæм сразæнгард кæнынмæ, разамынад дӕтты Студентон советӕн

Дриаты Лейла

- Альберт, абоны бон ирон æгъдау æмæ ирон æфсармы домæнтæн сæ сæйрагдæртæ дæумæ гæсгæ цы сты?

- Незамантæй нырмæ нæ ирон царды бындур уыдысты ирон æгъдау æмæ адæмы Фарн. Æнæ уыдонæй ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй йын фидæн. Æнæ уыдонæй нæ сомбон æнæмæнг цæуы сæфтмæ. Хистæрæн аргъ æмæ лæггад кæнын, йæ ныхасмæ йын лæмбынæг хъусын. Æмæ уыцы æгъдау хъуамæ махæн сæфт макуы уа.

- Цы зондахаст ис нæ студенттæн ахуырмæ?

- Ирыстоны бирæ ис курдиатджын фæсивæд, ахуырмæ, спортмæ зæрдæгъæвд чи у, йæ хъуыддæгтæ ахадгæ кæмæн сты, йæ алы къахдзæф дæр фæзминаг кæмæн у. Нæ университеты ис курдиатджын, ахуырмæ тырнæг фæсивæд. Хорз специалисттæ кæй суыдзысты, уый ныртæккæ дæр бæрæг у. Æмæ ахуыры æнæ къуылымпыдзинæдтæй дæр нæ вæййы. Студенты зондахаст, ахуырмæ цы цæстæй кæсы, уый аразгæ у, бинонты "хсæн цавæр хъомылад райста, уымæй, уый фæстæ та, кæдæм бацыд, уыцы ахуыргæнæндонæй. Куыд уынæм, афтæмæй ХИПУ-йы æппæт фадæттæ æмæ уавæртæ дæр ис, ахуыргæнджытæ æппæт хъарутæй архайынц студенттæн зонындзинæдтæ радтыныл.

© ВКонтакте/Альберт ГабатовГабатты Альберт
Студсоветы сӕрдар ӕгъдӕуттӕ, ахуыр, интернеты ӕндӕвдад ӕмӕ ӕрдзмӕ аудгӕ ахасты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Габатты Альберт

- Фæстаг рæстæг фæсивæдæн фæзындис бирæ ног фадæттæ кæрæдзиимæ зонгæ æмæ ныхас кæнынæн. Уыдонæй иу у интернет. Æмæ уыцы ран ирон фæсивæд сæхи куыд хъуамæ дарой?

- Уыдон макуы хъуамæ рох кæна, мингай адæмтæ сæ кæй кæсынц æмæ æгас ирон адæмæн уымæ гæсгæ кæй фæаргъ кæнынц. Кæстæрæн зонд амонын хъæуы, хъуамæ кæмфæнды дæр йæ нацийы кад хъахъхъæнын фæраза, æгьдау æм уа.

- Йæ сæрибар рæстæг хæхты хъæбысмæ чи ацæуы, æрдз æввахс кæмæн у, уыдонæй сæ иу дæ ды. Экологи... Æрдзы æмæ нæ алфӕмблайы сыгъдæгдзинады уавæр абоны бон?

Фæстаг азты экологийы темæмæ тынг се 'ргом аздæхтой телеуынынад, радио, газеттæ, фæсивæдон къордтæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, ахсджиаг хъуыддаг у. Æрдзæн йæ хорздзинæдтæн, куыд æмбæлы, афтæ аргъ нал кæнæм. Куыд зонæм, афтæмæй æрдз нæ иумæйаг къæбиц у. Мах æй куыд барæвдауæм, афтæ нæм уый дæр йæ бæркады къух æрбадардзæн.

Стыр хæс æвæрд ис фидæны фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы. Абон сын цы хъомылад ратдзыстæм, куыд сын бауарзын кæндзыстæм сæ райгуырæн зæхх, уымæй аразгæ уыдзæн не 'ппæты сомбон дæр.

© Из архива Альберта ГабаттыГабатты Альберт
Студсоветы сӕрдар ӕгъдӕуттӕ, ахуыр, интернеты ӕндӕвдад ӕмӕ ӕрдзмӕ аудгӕ ахасты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Габатты Альберт
Ног хабӕртты лентӕ
0