Удварны хойраг: гӕххӕт ӕмӕ электронон чингуыты хъысмӕт Хуссар Иры

© Sputnik / Лейла ДрияеваЭлектронон ӕмӕ гӕххӕт чингуытӕ. Чи цы взары?
Электронон ӕмӕ гӕххӕт чингуытӕ. Чи цы взары? - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik уацхæссæг бафæлвæрдта рабæрæг кæнын, интернеты дуджы гæххæттæй чиныг æвзарынц æви электрон хуызы литературæ Хуссар Иры

ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Ныры фæсивæд чингуытæ кæсын нал уарзынц. Техникон прогресс бонæй-бонмæ размæ цæуы, бауромæн ын нæй. Чингуытӕ фӕзындысты электрон хуызы. Студентты æмæ горæты хистæркълæсты фæсивæды 'хсæн сарæзтам æрфарст, Интернеты дуджы гæххæттæй чиныг æвзарынц æви электрон хуызы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр гæххæттæй чиныг кæсын у. Электрон чингуытæй цæстытæ риссынц. Телефоны кæнæ компьютерты экрантæ цæстытæ æппынæдзух фæллайгæ кæнынц.

"Чиныг куы райсæм, уæд нын уый удæнцой фæдæтты, уымæн æмæ йæ дæ къухмæ куы райсай, уæд сыфтæм дæр баныдзæвдзынæ. Уый та цыдæр æнахуыр æнкъарæнтæ дæтты. Электрон чиныгмæ уыцы миниуджытæ нæй", - зæгъы Хъуылымбегты Виктория.

Фæлæ хъыгагæн ахæмтæ бирæ нæ разындысты... Рæзгæ фæлтæр, чингуытæм æмхиц нал сты. Сæ фылдæр равзарынц компьютерон хъæзтытæ, социалон хызтæ. Чиныгæн ис стыр ахадындзинад. Æмæ йæ хъуамæ кæстæртæн æмбарын кæной сæ ныййарджытæ.

"Иуæй-иу хатт чингуытæн сæ хæрзгъæддзинад уыйас бæрзонд нæ вæййы. Хорз, фæлыст чиныгæн та стыр аргъ ис. Бирæ ныййарджытæн сæ бон нæ вæййы цымыдис æмæ пайда чингуытæй сæ сабиты сбуц кæнын".

© Sputnik / Лейла ДрияеваЭлектронон ӕмӕ гӕххӕт чингуытӕ. Чи цы взары?
Удварны хойраг: гӕххӕт ӕмӕ электронон чингуыты хъысмӕт Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Электронон ӕмӕ гӕххӕт чингуытӕ. Чи цы взары?

Иуырдыгæй нæ фæсивæд чиныгмæ нал сты æмхиц, иннæрдыгæй хорз чиныгæн йæ аргъ бæрзонд у, алкæйы къухы не 'фты йæ балхæнын.

Цы ис саразын, цæмæй ацы карз фарстатæ иумæйагæй скъуыддзаг æрцæуой?

Ирыстоны историйы чиныг рацӕудзӕн дыууӕ ӕвзагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны историйы чиныг рацӕудзӕн дыууӕ ӕвзагыл

Интернеты руаджы конд æрцыдысты алыгъуызон фадæттæ. Интернетæй чи пайда кæны, уымæн дзы йæ бон у 400 чиныгæй фылдæр бакæсын ирон æвзаджы, ирон æгъдæутты тыххæй, уыдонæй уæлдай ма, бирæ æндæр ахсджиаг æрмæджытæ.

Ноджы дæр ма конд æрцæудзысты ирон æвзаг æмæ литературæйæ тестытæ, цæмæй ахуырдзæуттæн сæ бон уа бæрæг кæнын, куыд зонынц ирон æвзаг æмæ литературæ, уый. Ахуыргæнæн чингуытæ, семæ ма кусæн тетрæдтæ ивд æрцæудзысты электрон хуызмæ. Фæзындзæн фыццаг уырыссаг-ирон электрон тæлмацгæнæг, уыимæ мобилон дзырдуæттæ.

© Sputnik / Лейла ДрияеваЭлектронон ӕмӕ гӕххӕт чингуытӕ. Чи цы взары?
Удварны хойраг: гӕххӕт ӕмӕ электронон чингуыты хъысмӕт Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Электронон ӕмӕ гӕххӕт чингуытӕ. Чи цы взары?

"Къухфыстытæ дам нæ судзынц, уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ электрон хуызы чингуытæ никуы баивдзысты, - зæгъынц библиотекæты кусджытæ. Чиныгкæсæгæн чиныг у удварны хойраг æмæ æнæ уымæй йæ бон цæрын нæ уыдзæн. Уымæ гæсгæ цыфæнды нырыккон техникæты æмрæнхъ æнæмæнг зæлдзысты чиныджы сыфтæрты музыкалон зæлтæ. Чиныгæн стыр тых ис, чиныг фæлтæрты кæрæдзийыл бæтты".

Чингуыты магазинты уæйгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæм æмæ чингуытæн фесæфынæй тас нæу, кæддæриддæр уыдзысты фæрсæй фæрстæм иумæ. Раст зæгъын хъæуы, чингуытæ нæм фагæй фылдæр уагъдæуы. Стæй цавæр чингуытæ! Иуæй-иутæ дзы сæ хуыз æмæ сæ уæзæй мæнæ нырыккон сырх агуыридурты æмбулынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0