Бибылты Анатолий Гуырдзыстоны президенты тыххӕй: ницы зоны паддзахады царды тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг загъта йӕ хъуыды Гуырдзыстоны президент ӕмӕ НАТО-йы генералон секретары бадзырды тыххӕй Уӕрӕсемӕ

ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды гуырдзиаг политикты тыххӕй. Уый тыххӕй президент радзырдта видеоинтервьюйы портал "Ossetia News"-ӕн, кӕцыйы текст майрӕмбоны ныммыхуыр кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы сайт.

ИӔАМ Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ фембӕлдысты арӕныл

Вашингтоны скъуыддзаг

Бибылты Анатолий банысан кодта, Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили кӕй ницы зоны йӕ паддзахады царды тыххӕй ӕмӕ ӕрцыд Францийӕ Вашингтоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ.

"Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ уый ӕрцыд Францийӕ Вашингтоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ", - загъта президент.

"Хуссар Ирыстон никуы уыд Гуырдзыстоны сконды"

Президент загъта йӕ хъуыды НАТО-йы генералон секретары бадзырды тыххӕй Уӕрӕсемӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинады тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, республикӕйӕн ис историкон ӕмӕ политикон разӕууӕлтӕ, цӕмӕй уа нымад паддзахад.

"Хуссар Ирыстон никуы уыд Гуырдзыстоны сконды. Ирыстон уыд иу, кӕцы стӕй адих кодтой Хуссар ӕмӕ Цӕгатыл", - загъта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта, Гуырдзыстон нырма дӕр кӕй нӕ бафыста документтӕ, цӕмӕй тыхӕй ма рахайа ХУссар ирыстон ӕмӕ Абхазы ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0