Хуссар Иры боксы федераци фехъусын кодта дыууӕ ирон боксеры ӕхсӕн хылы лыстӕгдзинӕдтӕ

Рафыссын
Битеты Ричард ӕмӕ Чилӕхсаты Таиры ӕхсӕн хыл ӕрцыд дыццӕджы изӕры. Иннӕ бон спортсментӕ хъуамӕ фембӕлдаиккой рингыл ӕхсӕнадӕмон боксы турниры фӕлгӕтты Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik, Козаты Диана. Боксер Битеты Ричарды йӕхи бафӕндыд рахизын тохмӕ Чилӕхсаты Таиры ныхмӕ, загъта пресс-конференцийыл Хуссар Ирыстоны боксы федерацийы сӕргълӕууӕг Уалыты Альберт.

Цхинвалы ӕртыццӕджы райдайдзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Кубок Государства Алания". Спортивон цауы размӕ боксер Хуссар Ирыстонӕй Битеты Ричард фехста йӕ ӕмбӕстаг Чилӕхсаты Таиры къах травматикон пистолетӕй.

"Битеты Ричард цалдӕр азы нӕ архайдта боксӕй, фӕлӕ цалдӕр мӕйы размӕ бадзырдта мӕнмӕ, цӕмӕй адарддӕр кӕна йӕ карьерӕ", - загъта Уалыты Альберт.

Ричард ӕмӕ Сослан   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кубӕйаг ирон, зынархайд боксер ӕмӕ ӕнӕспортивон тох: Цхинвалы ацыд барыны церемони

Федерацийы сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты.

Боксы тренер Сланты Виталий дӕр загъта йӕ хъуыды ацы цауы фӕдыл.

"Ацы тохмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм. Дыууӕ дӕр сты курдиатджын спортсментӕ. Ӕз куыд зонын, афтӕмӕй Битеты Ричарды йӕхи фӕндыд тох кӕнын Чилӕхсаты Таиримӕ. Мах алцыдӕр сарӕзтам, цӕмӕй ацы тох ацӕуа", - банысан кодта тренер.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны боксы федерацийы минӕвӕртты пресс-конференци
Хуссар Иры боксы федераци фехъусын кодта дыууӕ ирон боксеры ӕхсӕн хылы лыстӕгдзинӕдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны боксы федерацийы минӕвӕртты пресс-конференци

Йӕ хъуыды загъта промоутерон компани "Урал Бокс Промоушен"-ы президент Евгений Вайнштейн дӕр.

Вайнштейн банысан кодта, фыццаг хатт ахӕм цау кӕй федта ӕмӕ бафтыдта, Битеты Ричард йӕхӕдӕг фехӕлдта йӕ цард.

Чилӕхсаты Таиры цӕфтӕ тӕссаг не сты спортсмены цардӕн, фӕлӕ турниры хайад райсын йӕ бон нал суыдзӕн.

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц спортсменты ӕхсӕн конфликты аххосаг ӕмӕ агурынц Битеты Ричарды.

Ног хабӕртты лентӕ
0