Хуссар Иры сӕнтӕ бавдисдзысты Уӕрӕсейы егъау равдысты

© Пресс-служба президента РЮО "Сӕндуцӕн Иронсӕн"
 Сӕндуцӕн Иронсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Хуссары иууыл стырдӕр равдысты радзурдзысты ирон сӕнты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik. Хуссарирыстойнаг куыстуат "Сӕндуцӕн Иронсӕн" хайад райсдзӕн равдыст Vinorus-ы, хъусын кӕны равдысты организаторы сайт.

Бибылты Анатолий хайад райста Продэкспо равдысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий хайад райста "Продэкспо" равдысты Мӕскуыйы

"Равдыст Vinorus-ы "Сӕндуцӕн Иронсӕн" бавдисдзӕн йӕ иууыл хуыздӕр сӕнтӕ, кӕцытӕ радзурдзысты Хуссар Ирыстоны традициты тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Нозт ӕмӕ сӕнты 22-ӕм равдыст ацӕудзӕн Краснодары 16-18 апрелы.

Сӕндӕттӕ "Иронсӕн" ӕрбынат кодтой Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Присы къуылдымыл. Сӕндуцӕн фидӕны нывӕнды ауӕрӕх кӕнын йӕ кондад ӕмӕ райдайын уадзын коньяк дӕр.

Vinorus у нозт ӕмӕ сӕнты иууыл стырдӕр равдыст Уӕрӕсейы Хуссары.

Ног хабӕртты лентӕ
0