Рейдтӕ столицӕйы: Цхинвалы хӕрзарӕзтады фӕткхалджыты ивар кӕндзысты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы хӕрзарӕзтады фӕткхалджыты ивар кӕндзысты
Цхинвалы хӕрзарӕзтады фӕткхалджыты ивар кӕндзысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы уадзынц рейдтӕ горӕты сыгъдӕгдзинад фехалджыты ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik. Цхинвалы милицийы кусджытӕ ӕмӕ горӕты администрацийы минӕвӕрттӕ уадзынц рейдтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной столицӕйы хӕрзарӕзтады фӕткхалджыты, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ. Горӕты сыгъдӕгдзинад фехалджыты фӕдзӕхсынц административон бӕрны тыххӕй.

"Цхинвалы уынгтыл ауагътой рейд ӕмӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас горӕты цӕрджытимӕ, кӕцыты хӕдзӕртты раз ссардтой арӕзтады ӕрмӕджытӕ ӕмӕ бырон", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Столицӕйы хӕрзарӕзтады фӕткхалджытӕн сбӕрӕг кодтой сӕ хӕдзӕртты раз территориты сыгъдӕг кӕныны ӕмгъуыд – уыцы рӕстӕгмӕ хӕдзӕртты хицӕуттӕ куы нӕ ссыгъдӕг кӕной территори, уӕд сӕ фӕивар кӕндзысты.

"Хӕдзӕртты раз территоритӕ ссыгъдӕг кӕнынӕн горӕты администраци дӕтты цыппар боны. Уыцы рӕстӕгмӕ хӕдзӕртты хицӕуттӕ куы нӕ ссыгъдӕг кӕной территори, уӕд сӕ фӕивар кӕндзысты 400-800 сомы бӕрц", - загъта милицийы фадыгон Хӕбӕлаты Леван.

Арӕзтады ӕрмӕджытӕ ӕмӕ бырон сӕвӕрынц тротуартыл, уый халы горӕты рӕссугъддзинад ӕмӕ хъыгдары фистӕг бӕлццӕтты, бахахх кодтой хӕрзарӕзтады комбинаты кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0