Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы Советы делегаци

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны хицауад
Хуссар Ирыстоны хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы уазджытӕ фембӕлдысты республикӕйы къухдариуӕгадимӕ

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе пайдаджын ӕмгуыстад кӕнынц алыгъуызон фадгуыты, сӕйраджыдӕр, экономикӕ ӕмӕ ӕдасдзинады фадыджы, загъта президент Бибылты Анатолий Федерацийы Советы делегациимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Федерацийы Советы делегаци ӕрцыд республикӕмӕ кусӕгон балцы майрӕмбоны. Цхинвалы уӕрӕсейаг сенатортӕ фембӕлдысты Хуссар Ирыстоны парламенты спикеримӕ, уый фӕстӕ та республикӕйы президентимӕ.

"Уӕрӕсейы Федераци ӕххӕст кӕны Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад. Республикӕйы территорийыл бирӕ проекттӕ реализаци кӕнынц инвестицион программӕйы фӕлгӕтты. Сӕйраджыдӕр, аразӕм социалон ахсджиаг объекттӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма президент банысан кодта, 18 апрелы Ялтайы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕлгӕтты бафысдзысты бадзырд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хъырымы ӕхсӕн.

Уӕрӕсейы ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры минӕвар хайад райста конференцийы "Хъырым ныры геополиикӕйы"

Федерацийы Советы ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Сергей Цеков, кӕцы парламенты хъахъхъӕны Хъырымы кад, банысан кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хъырымӕн ис рагон бастдзинӕдтӕ.

"Махӕн алыхатт дӕр нӕ зӕрдӕтӕ рыстысты уӕ зындзинӕдтыл. 2008 азы хӕсты рӕстӕджы дӕр мах тырныдтам баххуыс кӕнын сымахӕн", - загъта Сергей Цеков.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстонмӕ куы ӕрцӕуы, уӕд дзы алыхатт дӕр фены ног арӕзт объекттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0