ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бакодтой уӕрӕсейаг фонд "Русский Мир"-ы филиал. Йӕ сӕргъ слӕууыд ХИПУ уырыссаг ӕвзаджы кафедрӕйы доцент Остъаты Джульетта.
Фонд "Русский Мир" сарӕзтӕуыд Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путины барамындӕй 2007 азы 21 июны. Фонд кусы уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ культурӕйы популяризацийыл, ӕххуыс кӕны уырыссаг ӕвзаг бавӕрыны программӕтӕн. Фонды сӕргъ лӕууы Вячеслав Никонов.
Остъаты Джульетта радзырдта Sputnik, фонды фӕрцы ӕххӕст кӕй цӕуы ӕхсӕнкультурон коммуникаци.
"Фонды хӕслӕвӕрд у равдисын культурӕйы бӕлвырддзинад ӕмӕ куыд гом ӕхсӕнад, афтӕ банхъарын ахуыр кӕнын уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ культурӕ. Иумӕйагӕй, уый у зонадон-ахуырадон центр, цы ран ис фадат пайда кӕнын культурон хӕзнатӕй", - загъта Остъаты Джульетта.
Доцент бафтыдта, зӕгъгӕ, центр ӕрӕджы байгом ис, фӕлӕ "Русский мир" алыхатт дӕр ӕмгуыстад кодта Хуссар Ирыстонимӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, центримӕ ӕмгуыстад кӕндзысты ХИПУ уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы кафедрӕтӕ.
"Фыццаг мадзал уыдзӕн конференци "Коста и русская культура", уый тыххӕй ӕмӕ Хетӕгкаты Къоста фыссӕгӕй дарддӕр ма ахуыр кодта аивӕдты академийы Санкт Петербурджы ӕмӕ баст у нывкӕнын ӕмӕ культурӕимӕ", - загъта уый.
Остъаты Джульетта нывӕнды ауадзын цалдӕр мадзалы, кӕцытӕ нывонд сты поэт Александр Пушкины сфӕлдыстадӕн.