Хуссар Иры ӕрцахстой фыдгӕнджыты, кӕцытӕ бабырстой сылгоймаджы хӕдзармӕ

© "Великий Київ"Хуссар Иры ӕрцахстой фыдгӕнджыты, кӕцытӕ бабырстой сылгоймаджы хӕдзармӕ
Хуссар Иры ӕрцахстой фыдгӕнджыты, кӕцытӕ бабырстой сылгоймаджы хӕдзармӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Знауыры районы милицийы кусджытӕ ӕрцахстой фыдгӕнджыты, кӕцытӕ бабырстой хъӕуы цӕрӕг сылгоймагмӕ

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой республикӕйы дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ бахызтысты Знауыры районы хъӕуы цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзармӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Адавд ӕмӕ дыууӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ республикӕйы ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Цауы фӕдыл информаци бацыд Знауыры мидхъуыддӕгты хайады радгӕсон службӕмӕ 14 апрелы ӕхсӕвы.

"Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады оперативон къорд ацыд цауы бынатмӕ ӕмӕ сбӕрӕг кодта, 14 апрелы ӕхсӕвы ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ сау маскӕты бахызтысты рудзынджы уылты Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы 60-аздзыд цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзармӕ. Зианбаййафӕг фӕлӕууыд фыдгӕнджыты ныхмӕ ӕмӕ уыдон фӕтары сты цауы бынатӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Барадхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Хъорнисы 32-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ Цхинвалы 31-аздзыд цӕрӕджы, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайдта фыдракӕнд саразынмӕ. Нӕлгоймӕгтӕ басаст сты сӕ фыдракӕндыл.

Фыдгӕнджыты бакодтой Знауыры районы милицийы рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0