ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik, Козаты Диана. Политикон парти "Иудзинад" къуырисӕры ауагъта уанел. Парти нывӕнды раразмӕ кӕнын депутаттӕм кандидатты иунӕг ӕвзарӕн зылдӕй.
Кандидатты номхыгъды сӕргъ слӕууыд Хуссар Ирыстоны экономикӕйы раздӕры министр Кокойты Геннадий.
Афтӕ ма номхыгъдмӕ бахызтысты раздӕры вице-премьер Техты Алан, ахуыргӕнӕг ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты раздӕры сӕрдар Бедойты Элеонора, амалиуӕггӕнӕг Джиоты Роман ӕмӕ хицауады раздӕры минӕвар арламенты Дзуццаты Мурӕт.
Партийы лидер Кокойты Зураб номхыгъды ис ӕхсӕзӕм бынатыл.
© Sputnik / Диана КозаеваПарти "Иудзинад"-ы уанел

Парти "Иудзинад"-ы уанел
© Sputnik / Диана Козаева
Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг та - иумандатон зылдтæм.