Хуссар Иры фӕзынд бӕхджын кортеж

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры фӕзынд бӕхджын кортеж
Хуссар Иры фӕзынд бӕхджын кортеж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртӕ бӕхы национ дарӕсы барджытимӕ раздзог вӕййынц чындзхӕсджытӕн

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы срӕвдз кодтой чындзӕхсӕвты бӕхджын кортеж. Фирма "Сидуг"-ы ӕртӕ барӕджы хуыцаубоны сфӕлыстой фыццаг хатт чындзӕхсӕв Цхинвалы, фехъусын кодта фирмӕйы бардарӕг Къӕбулты Ренат.

Бӕхджын кортеж фӕзынд фермерон хӕдзарад "Сидуг"-ы бындурыл. Сӕ бӕхдон уӕвынад кӕны Цхинвалы районы Джеры комгæрон æдзæрæг хъæу Алхашенты, ис сӕм 15 бӕх.

"Хуыцаубоны ӕртӕ бӕхы рацыдысты фыццаг чындзӕхсӕвы. Бӕхтӕ сӕхи горӕты дарынц хорз, нӕ тыхсынц тыхстызмæлд ӕмӕ хӕдтулгӕтӕй. Ӕмкъайад саразыны бӕрӕгбӕттӕм нырма ӕрвитӕм ӕртӕ бӕхы, национ дарӕс ис ӕрмӕстдӕр ӕртӕ барӕгӕн, фӕстӕдӕр сӕ нымӕц фӕфылдӕр уыдзӕн", - загъта Къӕбулты Ренат.

Уый ма банысан кодта, фидӕны сӕ лӕггӕдты номхыгъды фӕзындзӕн чындзы къарет дӕр.

© Sputnik / Фатима ПлиеваӔртӕ бӕхы национ дарӕсы барджытимӕ раздзог вӕййынц чындзхӕсджытӕн
Хуссар Иры фӕзынд бӕхджын кортеж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртӕ бӕхы национ дарӕсы барджытимӕ раздзог вӕййынц чындзхӕсджытӕн
Ног хабӕртты лентӕ
0