Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодтой коррекцион кълас
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кълас ӕрфысым кодта фараст низӕфхӕд сабийы, психолог ӕххуыс кӕны уыдонӕн цардмӕ ӕмдзу кӕнын

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Дриаты Лейла. Фонд "Лæвар базыртæ"-йы бындурыл Цхинвалы баконд æрцыд коррекцион кълас. Хæрзаудæн фонды президент Цхуырбаты Татьяна куыд зæгъы, афтæмæй фондмӕ цыд бирӕ куырдиӕттӕ ныййарджытӕй йæ бакӕнынæн. Сывæллæттæн сæ фылдæрæн ис аутизмимæ проблемæтæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодтой коррекцион кълас
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас

Ахæм сывæллæттæм та хъæуы уæлдай цæстдард æмæ зылд. Уæвгæ сæ алцæмæндæр ис сахуыр кæнын, фæлæ иннæтимæ абаргæйæ, зындæр. Уый та уымæн æмæ сæ реабилитацийæн нæй нæдæр сæрмагонд куысты фæтк æмæ сæ райрæзты нывæзт, нæдæр сæрмагонд центртæ. Хуссар Ирыстоны та специалисттæ дæр нæй, семæ чи куса, ахæмтæ.

Хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ"-йы къухдариуӕггӕнӕг Цхуырбаты Татьянæ, фонды кусджытимæ иумæ, æххуыс кæны уæззау низтæй рынчын сывæллæттæн. Уадзы алыхуызон акцитæ æмæ цы æхцайы фæрæзтæ æрбамбырд кæны, уыдонæй баххуыс кæны рынчынтæн.

Фонд Лæвар базыртæ баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд "Лæвар базыртæ" баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн

Февралы мæйы хæрзаудæн фонды офисы хæрзарæзт æрцыдысты къласы хатæн æмæ улæфæн зонæ, ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг ифтонггарзæй. Сывæллæттимæ кусы, куысты методикæимæ æмæ куыстытимæ зонгæ чи у, ахæм квалификациджын коррекцион психолог Къусраты Ингæ. Ахуыртæ уагъд цæуынц индивидуалонæй.

"Йе 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттимæ кусын æнцон нæу. Алы сывæллонмæ дæр хъæуы индивидуалон ахаст. Аутизмæй рынчын сывæллæттæй алкæмæндæр хъæуы сæрмагонд программæ. Азæй-азмæ аутизмæй рынчын сывæллæтты нымæц фылдæр кæны. Хъæуы сын фадат дæттын хиуыл баууæндынæн. Фæнды мæ ныййарджытæн зæгъын, цæмæй сæ сывæллæттимæ фылдæр кусой, цæмæй сын æнцон уа иннæ сабитимæ архайын, семæ сæхи хорз æнкъарой. Ахæм сабитæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ дунемæ кæсынц æндæр цæстæй. Мах та сын фадат дæттæм æхсæнадмæ хæстæгдæр уæвынæн", - зæгъы психолог.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодтой коррекцион кълас
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас

Нæ абоны æнæнцой царды Таняйы хуызæн адæймæгтыл, хъыгагæн, арæх нæ сæмбæлдзынæ. Уымæн æмæ йæ риуы арф цæры хæлар зæрдæ. Кæд ныры дуджы цы бирæ æвзæрдзинæдтыл æмбæлæм, уыдоны ныхмæ иуæй-иутæ æдых разындысты, уæддæр Татьянайы уды цы уарзондзинад цæры цардмæ, уый тыхджындæр цы кæны, æндæр ын лæмæгъ уæвæн нæй.

Sputnik Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik æмæ фонд "Лæвар базыртæ" ауадздзысты акци "Хæрзиуæджы цæсгæмттæ"

"Сæрмагондæй мæ бузныг зæгъын фæнды бизнесмен Цхуырбаты Иналæн. Уый финансон æххуысы фæрцы баконд æрцыд коррекцион кълас, кæцы ныридæгæн стыр пайда хæссы рынчын сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн. Уымæй дарддæр бузныг стæм амалиуæггæнæг Цхуырбаты Джинойæ, кæцы нын балæвар кодта, бирæ рæстæджы дæргъы цæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, нæ офисæн уыцы хатæн", - загъта фонды сæрдар.

Фонд "Подари крылья"-йы президент куыд радзырдта, афтæмæй сын стыр æххуыс кæнынц нæ республикæйы уагдæттæ, сæрмагондæй та нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Уый æрвылмæй дæр йæ мыздæй рахицæн кæны бæлвырд суммæ фондæн. Афтæ ма политикон парти "Иугонд Ирыстон"-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан.

"Махæн æхсызгон у, ахæм æмгæрттæ нын кæй ис. Ныртæккæ ис бирæ сывæллæттæ, кæцыты хъæуы æххуыс æмæ нын уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг сты спонсортæ. Æххуыс кæнын æнцон нæу. Фæлæ нæ сæйрагдæр хæрзиуæгыл нымайын сабиты худт æмæ сæ ныййарджыты циндзаст цæсгæмттæ", - зæгъы Татьянæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодтой коррекцион кълас
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бакодтой коррекцион кълас
Ног хабӕртты лентӕ
0