Хуссар Ир ӕмӕ Сири аразынц ӕхсӕнхицауадон къамис

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президенты фембӕлд Сирийы делегациимӕ
Хуссар Ирыстоны президенты фембӕлд Сирийы делегациимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕстӕты ӕхсӕн ахастытыл ӕрдзырдтой президент Бибылты Анатолий ӕмӕ сириаг делегацийы фембӕлды рӕстӕджы Ялтайы ӕхсӕнадӕмон форумы фӕзуатыл

ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон сарӕзта Сириимӕ ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хай, банысан кодта Бибылты Анатолий сириаг делегациимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

"Сарӕзтам ӕхсӕницауадон къамисы хуссарирыстойнаг хай. Уырны мӕ, иумӕйаг къамис кӕй скусдзӕн тагъд рӕстӕджы ӕмӕ архайдзӕн нӕ паддзахадты ӕхсӕн бадзырдты реализацийыл", - загъта Бибылты Анатолий.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президенты фембӕлд Сирийы делегациимӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Сири аразынц ӕхсӕнхицауадон къамис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президенты фембӕлд Сирийы делегациимӕ

Сирийы экономикӕйы министр Самер Аль-Халиль банысан кодта, йӕ бӕстӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн кӕй бафыстой цалдӕр ахсджиаг бадзырды, ӕмӕ абон хъӕуы аразын практикон къахдзӕфтӕ, цӕмӕй сӕ среализаци кӕной.

"Хъӕуы пайда кӕнын нӕ бӕстӕты ӕхсӕн бастдзинӕдтӕй. Сириаг депутатты балц Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ паддзахадон организациты ӕхсӕн ахастытӕ райтынг кӕндзысты дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстад", - банысан кодта министр.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президенты фембӕлд Сирийы делегациимӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Сири аразынц ӕхсӕнхицауадон къамис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президенты фембӕлд Сирийы делегациимӕ

Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Рияд Хаддад фехъусын кодта, САР Адӕмон ӕмбырды балцы датӕ Хуссар Ирыстонмӕ сбӕрӕг кӕндзысты ӕввахс рӕстӕджыты.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы майы. Сирийы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ ӕмӕ бафыстой цалдӕр бадзырды.

Ног хабӕртты лентӕ
0