Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кадетты скъола хайад райста экологон акцийы

© МО РЮОХуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кадетты скъола хайад райста экологон акцийы
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кадетты скъола хайад райста экологон акцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци "Зеленый росток"-ы фӕлгӕтты скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ ныссагътой бӕлӕстӕ ӕмӕ бафснайдтой Монастъеры территори

ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады кадеттӕ хайад райстой акци "Зеленый росток"-ы, кӕцы сорганизаци кодтой Ӕвзонг натуралистты станцы хъӕппӕрисӕй. Экологон акци нывонд у Ӕхсӕнадӕмон Зӕххы бонӕн, кӕцы нысан кӕнынц 22 апрелы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Акцийы фӕлгӕтты кадеттӕ бафснайдтой скъолайы кӕрты территори ӕмӕ ныссагътой тала бӕлӕстӕ. Афтӕ ма кадеттӕ бафснайдтой Монастъеры территори др", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хъахъхъӕнынады министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, кадеттӕ алыхатт дӕр хайад райсынц ахӕм акциты.

Ног хабӕртты лентӕ
0