Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд "снюс"

© www.mvdruo.ruЦхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд "снюс"
Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дуканийы басгӕрсты рӕстӕджы наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ ссардтой тобӕгонд тамакойы 17 пакеты

ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ ссардтой Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ снюс, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг сылгоймаджы ӕрцахстой тобӕгонд "Снюс" уӕй кӕныны тыххӕй

"Снюс ссардтой криминалон милицийы кусджытӕ республикӕйы столицӕйы дуканитӕй иуы оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы. Дуканийы басгӕрсты рӕстӕджы оперативон кусджытӕ байстой снюсы 17 пакеты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цхинвалы 38-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг фехӕлдта республикӕйы "снюс" ӕмӕ "насвай" тамако ласын, ӕлхӕнын, уӕй кӕнын ӕмӕ пайда кӕныны" фӕдыл закон.

Хуссар Ирыстоны ист ӕрцыд "снюс" ӕмӕ "насвай" тамако ласын, ӕлхӕнын, уӕй кӕнын ӕмӕ пайда кӕныны" фӕдыл закон. Законхалджыты ӕрбаздахынц административон бӕрнмӕ ивар, кӕнӕ дыууӕ мӕймӕ ӕрцахсыны хуызы.

Ног хабӕртты лентӕ
0