"Цхинвайлаг" финал: хуссарирыстойнаг богалтӕ расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагады

© Фото из архива тренера Кочиева Тамерлана"Цхинвайлаг" финал: хуссарирыстойнаг богалтӕ расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагады
Цхинвайлаг финал: хуссарирыстойнаг богалтӕ расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей 110 кг уӕзы финалы стох кодтой уӕлахиздзауы номыл, фыццаг разынд ӕнтыстджындӕр

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕсты секцийы хъомылгӕнинӕгтӕ Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Бестауты Андрей ссисты Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау ӕмӕ призер. Дыууӕ лӕппуйы фембӕлдысты 110 кг уӕзы кӕройнаг тохы, уый агъоммӕ фӕйнӕ цыппар лӕппуйы рамбулгӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Коцты Тамерлан.

Уӕрӕсейы фыццагады дыууӕ лӕппу тох кодтой Цӕгат Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕсты ӕмбырдгонды сконды. Ацы ерысты агъоммӕ рамбылдтой республикон ӕмӕ регионалон турниртӕ.

"Тынг хорз тох кодтой. Фӕйнӕ цыппар богалы ныббырстой финалмӕ фӕндагыл. 110 кг уӕзы уӕлахиздзауы номыл тох бацайдагъ ис мӕ хъомылгӕнинагы хсӕн. Рамбылдта Арсӕмӕг, фӕлӕ дыууӕтӕ дӕр сты бӕдӕйнаг", - загъта Коцты Тамерлан.

Уӕрӕсейы фыццагад райдыдта Иркутскы, 23 апрелы. Турнир ӕрӕмбырд кодта 2002-2003 ӕзты гуырд тыхджындӕр богалты. Уӕлахиздзаутӕ райсдзысты дунейон ӕмӕ европӕйаг ерыстӕм балцӕгтӕ.

Ерыстӕ балхынцъ уыдзысты цыппӕрӕмы, 25 апрелы.

© Фото из архива тренера Кочиева Тамерлана"Цхинвайлаг" финал: хуссарирыстойнаг богалтӕ расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагады
Цхинвайлаг финал: хуссарирыстойнаг богалтӕ расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цхинвайлаг" финал: хуссарирыстойнаг богалтӕ расгуыхтысты Уӕрӕсейы фыццагады
Ног хабӕртты лентӕ
0