Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ацыд мадзал, кӕцы нывонд у геноцидыл 104 азы сӕххӕстӕн

ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Геноцид у фыдракӕнд, кӕцыйӕн нӕй рагонады ӕмгъуыд, бахахх кодта парламенты спикер Гасситы Петр аивадон киноныв "Шрам"-ы равдысты. Мадзал ацыд Цхинвалы киноконцертон зал "Чермен"-ы.

Фильм "Шрам" систа туркӕй рацӕугӕ немцаг режиссер Фатих Акин. Киноныв таурӕгъ кӕны сомихӕгты геноциды рӕстӕджы 1915 азы сӕйраг хъайтар — Назарет Манукян сафы йӕ биноты. Цалдӕр азы фӕстӕ уымӕ фехъуыст йӕ чызджытӕ гас кӕй сты ӕмӕ афӕндараст ис сӕ агурӕг. Киноныв ʻрацыд 2014 азы.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

"Дунейы бӕстӕтӕ уӕддӕр банымайдзысты сомихӕгты геноцид. Геноцид бамбардзысты ӕрмӕст дӕр адӕм, кӕцытӕ сӕхӕдӕг бавзӕрстой ахӕм фыдмитӕ", - загъта спикер.

Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджжын минӕвар Джиоты Мурӕт банысан кодта, сомихӕгтӕн ӕмӕ ирӕттӕн кӕй ис бирӕ иудзинад.

"Сомихӕгты геноцидӕй рацыд 104 азы, 2020 азы хуссайраг ирӕтты геноцидыл сӕххӕст уыдзӕн 100 азы. 1920 азы Хуссар Ирыстоны цӕрджыты цыппӕрӕм хай амардтой ӕрӕмӕст дӕр сӕ цӕрын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй", - загъта ӕххӕстбарджын минӕвар.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Хуссар Ирыстоны паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Пухаты Константин бахахх кодта, зӕгъгӕ, 1915 азы геноцид, кӕцы ахаста ӕрдӕг милуанӕй фылдӕр царды, у Сомихстоны историйы иууыл тардӕр период.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Осмайнаг империйы сомихӕгты геноцид 1915-1916 ӕзты ахаста 664 мин адӕймаджы цард. Уый рамӕ уым цардис 1,5 милуан сомихаджы.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой сомихӕгты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0