Джиоты Люба ахызт вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы финалмӕ

© Из личного архива Любы ДжиоевойДжиоты Люба ахызт вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы финалмӕ
Джиоты Люба ахызт вокалон конкурс АЗАР МА-йы финалмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ конкурсон зарджытӕй иу - "Мӕсыг" - радиостанцтӕ "Ир" ӕмӕ "Алания" бахастой сӕ эфирмӕ

ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг Джиоты Люба ахызт Цӕгат Ирыстоны национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА"-йы финалмӕ. Жюрийы ӕртӕ уӕнгӕй дыууӕйы разыдзинадӕй Джиоты Люба бахызт финалон этапмӕ.

Джиоты Люба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг журналист рацыд вокалон конкурсы кастинг Цӕгат Иры

Телекомпани "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон телепроект "АЗАР МА"-йы финалы ис 10 зарӕггӕнӕджы, ныридӕгӕн райдыдта хъӕлӕсӕппӕрст. Джиоты Любайӕн лӕвӕрд ӕрцыд 6-ӕм номыр.

"Гӕбӕраты Альзирайы зарӕг "Дӕу тыххӕй" сӕххӕст кодтам Гатциты Арсенимӕ батлӕй. Нӕ дыууӕйӕ иу хъуамӕ ахызтаид финалмӕ. Жюрийы уӕнгтӕ – Бекъойты Вано ӕмӕ Хадыкъаты Аллайы разыдзинадӕй ӕз ахызтӕн дарддӕр", - загъта Sputnik Джиоты Люба.

Уый ма банысан кодта, конкурсы кӕройнаг ралӕудмӕ дӕр кӕй цӕттӕ кӕны мадӕлон ӕвзагыл зарӕг.

"Фидарӕй йӕ нырма нӕ зонын цы композициимӕ ралӕудзӕн, фӕлӕ хъуамӕ уа иронау. Гӕнӕн ис ӕмӕ мын конкурсмӕ сӕрмагондӕй ныффысса зарӕг Хъодалаты Мария", - бафтыдта уый.

ХИПУ-йы ансамбль "А вдруг"-ы солисткӕ Хъодалаты Марияйы зарӕг "Мӕсыг", кӕцыимӕ ралӕууыд Джиоты Люба финалы ¼ -ӕм этапы, рацыд Хуссар Иры паддзахадон радио "Ир" ӕмӕ Цӕгат Иры радио "Алания"-йы эфиры.

Ног хабӕртты лентӕ
0