Зассеты Сергей: Хуссар Ир арвитдзӕн ConIFA-2019 чемпионатмӕ фидар командӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Сергей
Зассеты Сергей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Зассеты Сергей радзырдта хуссарирыстойнаг командӕйы цӕттӕкӕнынады тыххӕй ConIFA Европӕйы чемпионатмӕ

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны командӕ цӕттӕ кӕны Европӕйы чемпионатмӕ, кӕцы уадзы Хӕдбар футболон ассоциациты конфедераци (ConIFA). Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Зассеты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, командӕ нывӕнды равдисын ирд хъаст.

ConIFA Европӕйы чемпионат уагъд цӕудзӕн Хӕххон Карабахы 1-10 июны. Азы райдайӕны Конфедераци фехъусын кодта  Еврокубок-2019 хайадисджыты, Хуссар Ирыстонимӕ иу къорды уыдзысты Ныгуылӕйнаг Сомих ӕмӕ Секейы бӕстӕ.

"Командӕ йӕхи бӕрнон цӕттӕ кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ ConIFA-2017 чемпионаты нӕ фӕстиуджытӕ иттӕг хорз нӕ уыдысты. Нӕ рӕдыдтытыл бакуыстам ӕмӕ нывӕндӕм арвитын фидар командӕ", - загъта Зассеты Сергей радио Sputnik Абхазы эфиры.

Комитеты сӕрдар банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйӕн фӕстиуӕгӕй фылдӕр ахсджиаг у равдисын хорз футбол. Афтӕ ма хуссарирыстойнаг командӕ нывӕнды ауадзын контролон хъаст ЛАР командӕимӕ.

ConIFA 2016  Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
ConIFA–2019: Хуссар Ир бахызт Европӕйы чемпионаты сӕйраг хызӕгмӕ

Зассеты Сергей бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц чемпионатмӕ ӕмӕ фидарӕй загъта, хуссарирыстойнаг футбол уарзджытӕ лӕмбынӕгӕй сӕ цӕст дардзысты сӕ ӕмбӕстӕгты архайдмӕ ConIFA чемпионаты.

Футболон организаци ConIFA æрцыд арæзт 2013 азы июны æмæ иу кæны æнæнымад бæстæты футболон ассоциациты. 2018 азы сӕрды Лондоны ацыд ConIFA дунейы кубок. Уӕд Хуссар Ирыстоны футболисттӕн нӕ бантыст райсын ӕмбӕлгӕ баллтӕ, цӕмӕй хайад райсой ерысты, фӕлӕ сӕ фӕхуыдтой турнирмӕ, куыд уазджыты, афтӕ. Футболисттӕ рацыдысты националон тырысаимӕ хайадисджыты традицион парады рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0